Президент бахӕс кодта психиатрикон рынчындоны бакӕныны фарстыл бакусын

© SputnikГаглойты Аланы ӕмбырд тыхон структурӕтимӕ
Гаглойты Аланы ӕмбырд тыхон структурӕтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хицауад кусы психиатрикон рынчындоны бакӕныны фарстыл, ныхас цӕуы уый саразын медико-социалон центры бындурыл, загъта президент Гаглойты Алан тыхон структурӕтимӕ ӕмбырды рӕстӕджы.
Психиатрикон рынчындоны ӕнӕуӕвындзинады фарст йӕ доклады банысан кодта барадхъахъхъӕнӕг органы хистӕр Гӕззаты Валерий. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уголовон хъуыддаджы фигурант, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы кардӕй ныццӕвыны хъуыддаджы, уымӕн ис психологон проблематӕ.
"Уый ныр у цыппӕрӕм цау ацы гоймаджы хайадистӕй. Зӕгъӕн ис, кӕй йын ис проблемӕтӕ йӕ психикон ӕнӕниздзинадимӕ. Уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕнды хъусдард аздахын психиатрикон рынчындоны сӕндидзӕн кӕныны фарстмӕ. Уый кӕй нӕй, уый фӕдыл махӕн фӕзыны проблемӕтӕ, рынчынты Цӕгат Ирмӕ ласын та асайы хӕрдзтӕ", - загъта барадхъахъхъӕнӕг органы хистӕр.
Йӕ ныхастӕм гӕсгӕ, ацы хъуыддаг раргом кӕнынӕн сын стыр ахъаз фӕцис системӕ "Ӕдас горӕт".
Ног хабӕртты лентӕ
0