Тренер Коцты Тамерлан радзырдта йӕ богалы ӕнтысты тыххӕй Андиаты Сосланы турниры

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕгъиаты Сослан
Дзӕгъиаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты чемпион Андиаты Сосланы номарӕн турниры призер 97 кг уӕзы ссис цхинвайлаг богал Дзӕгъиаты Сослан. Йӕ тренер Коцты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕппуйы уӕлахиз фӕкъуыхцы ис фӕллады аххосӕй.
Номдзыд богалы номарӕн турниры тохтӕ цыдысты дыууӕ боны. Дӕс уӕзы категорийы уӕлидзинад ӕвзӕрстой 300 хъӕбысӕйхӕцӕджы.
"Дзӕгъиаты Сослан ӕвзӕр нӕ тох кодта, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм хуыздӕр хатдзӕгмӕ. Ӕвӕццӕгӕн фӕллады аххосӕй фӕкъуыхцы. 5:4 хыгъдӕй уый фӕхӕрд ис ӕндӕр ирон богалӕн Сунжӕйӕ Джиоты Жорикӕн, кӕцыйы дыууӕ къуырийы размӕ рамбылдта 3:2 хыгъдӕй", - банысан кодта тренер.
Уый ма бафтыдта, иумӕйаг сисгӕйӕ ацы аз Дзӕгъиаты Сослан ӕвдисы хорз хатдзӕгтӕ.
"Ӕрӕджы ссис Уӕрӕсейы чемпион 24 азы онг кары фӕсивӕды хсӕн. Уый у стыр ӕнтыст. Дарддӕр дӕр фӕстӕ нӕ лӕудзӕн", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0