Дзӕуджыхъӕуы рухсмӕ фӕзынд "Энциклопедии осетинской нартиады"-йы дыккаг чиныг

© Картина Махарбека Туганова/ фото: Дзерасса БиазартиНарты куывд
Нарты куывд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзӕуджыхъӕуы рухсмӕ фӕзынд ӕртӕтомон ӕмбырдгонд "Энциклопедии осетинской нартиады"-йы дыккаг чиныг. Проект у 50 ахуыргонды дӕс азы куысты хатдзӕг, фехъусын кодта Sputnik Уӕрӕсейы зонӕдты академийы Дзӕуджыхъӕуы зонадон центры директор Цыбырты Алексей.

"Ӕгас энциклопеди у гуырахстджын, кӕцыйӕн ӕмсӕр нӕй ӕгас дунейы. Фӕстаг дӕс азы хицӕн ахуыргондты стыр къорд Цыбырты Людвигы къухдариуӕгадӕй сӕххӕст кодтой проект",- загъта Цыбырты Алексей.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, презентаци ацӕудзӕн ӕртӕ чиныджы рацыды фӕстӕ.
"Ӕввахс рӕстӕг уыдзӕн уый дӕр ӕмӕ стӕй нӕ бон уыдзӕн саразын презентаци ӕмӕ бузныг зӕгъын йӕ аразджытӕн", - бафтыдта уый.
Ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстӕдӕр чингуытӕ уыдзысты Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Цхинвалы чиныджы дуканиты.
Ног хабӕртты лентӕ
0