Джиоты Жанна: Хуссар Иры Нацбанчы æвзист згъæрæхца балхæнæн уыдзæн ноябры æмбисы

© Sputnik / Natalia Airiyan Джиоты Жанна
Джиоты Жанна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Националон банк рауагъта æвзист монетæ республикæйы хæдбардзинады фæдыл Акт райсыныл 30-æм юбилеймæ. Æвзист монетæйæн балхæнæн уыдзæн банчы кассæйы ноябры æмбисы. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Нацбанчы сæргълæууæг Джиоты Жанна.
Уый банысан кодта, рауагъдад кæй уыд республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ.

"Ацы аз 29 майы мах нысан кодтам юбилей – 30 азы сæххæст республикæйы хæдбардзинады фæдыл Акт райсыныл. Уыцы бонмæ мах рауагътам æвзист згъæрæхца. Йæ уæлæ ис Советты Хæдзары ныв. Монетæйы чъылдым фарс ис хуры ныв – хæдбардзинад æмæ ног царды символ. Хуры тынты нымæц у, акт чи райста уыцы депутатты нымæцмæ гæсгæ арæзт. Йæ раззаг хайыл ис лавртæй венок – уый та у 30 азы символ, æмæ йæ бынмæ ис фыст датæ "29 май 1992 аз". Згъæрæхцайы зылдыл фенæн ис Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл Акты фыст", - радзырдта Нацбанчы сæгълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, монетæйы эскиз сарæзта мæскуыйаг нывгæнæг, уадзгæ та сæ ракодтой Мæскуыйы.
Джиоты Жанна ма бафтыдта, згъæрæхцайы номинал кæй у 25 зæрины, арæзт у æвзисты 925-æм пробæйæ. Монетæйы тираж æдæппæтæй у 300.
Ног хабӕртты лентӕ
0