Хуссар Иры столицӕйы ноджы ӕртӕ скъолайы сӕвӕрдзысты бырон сӕргай ӕвӕрыны контейнертӕ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæБырон ӕмбырдгӕнӕн контейнер
Бырон ӕмбырдгӕнӕн контейнер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ноджы ӕртӕ астӕуккаг скъолайы кӕрты сӕвӕрдзысты бырон сӕргай ӕвӕрыны контейнертӕ, фехъусын кодта Sputnik "Аланты цъӕх бӕстӕ"-йы хистӕр Габайты Зӕлинӕ.
Проект ӕххӕст кӕнынц "Аланты цъӕх бӕстӕ" ӕмӕ Чистый мир" иумӕ.
"Мах дарддӕр кӕнӕм нӕ нывӕзт бырон сӕргай ӕмбырд кӕныны фӕдыл. Скъолаты ӕвӕрд цӕуынц контейнертӕ, скъоладзаутимӕ цӕуы ӕмбарынгӕнӕн куыст. Абон ӕвӕрӕм контейнертӕ дыккӕгӕм ӕмӕ дыууадӕсӕм скъолаты ӕмӕ гимназ "Альбион"-ы", - загъта Габайты Зӕлинӕ.
Ӕдӕппӕтӕй ныр Цхинвалы уыдзӕн цыппар контейнеры, ивгъуыд къуыри уал фыццаг ӕвӕрд ӕрцыд фыццӕгӕм скъолайы кӕрты.
"Ацы ахуыры азы ӕдӕппӕтӕй ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 24 контейнеры. Ӕппӕт скъолаты ӕвӕрд нӕ уыдзысты. Орчъосан ӕмӕ Цъинагары хсӕн, стӕй ма кувӕндӕттӕм хӕстӕг ӕмӕ популярон улӕфӕн зонӕты", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0