Мыггæгты тох. Куыд æрлыгъдысты Хъæцмæзтæ Хъеуселтмæ. Мамытты мыггаг. Дзиццойы таурæгъ

Мыггæгты тох
Рафыссын
Раджы кæддæр Бурсамдзелийы сæр царди хурдзæсгом Тамар-паддзах зыбыты иунæгæй, хохы цъуппыты митау урс-урсид æрттывта, афтæмæй. Бынæй та комы царди Бахъар-цуанон. Уый сфæнд кодта хохы цъупмæ фæцæуын Тамармæ æмæ йæ æххæст дæр скодта... Тамарæн Бахъарæй лæппу райгуырд, æмæ йæ коммæ фехста. Лæппу коммæ митмæ ныххауд, æмæ йæ иу саг схаста.
Уыцы заманты Цæгатæй æрæфтыд иу лæг, Дзиццо, зæгъгæ, æмæ æрцард Найфаты фæзы. Хорз цуанон уыд æмæ хæхты хатт. Иу хатт иу хъуазы ауыдта æмæ йæм куыддæр ныхъхъавыд, фехсон æй, зæгъгæ, афтæ йын йæ быны сывæллоны дæйгæ ауыдта. Дзиццо раздæхт хæдзармæ æмæ йæ усæн йæ хабар ракодта. Ус ын загъта, æрхæсс æй, зæгъгæ, æмæ йын æртæкъахыг хæлаф арвыста. Дзиццо хæлаф сывæллоны раз æрæппæрста, йæхæдæг æддæдæр æрæмбæхст, кæддæра цы ми кæнид, зæгъгæ. Сывæллон хæлафы йæ къæхтæ атъыста, фæлæ æртыккаджы стыхст æмæ æрхауд. Дзиццо йæ систа æмæ йæ хæдзармæ æрхаста. Лæппу уыд тынг рæсугъд, йе ’нгуылдзтæ йæ армы тъæпæнæй даргъдæр, фыццаг дзурын дæр нæ зыдта, стæй фæцахуыр.
Лæппуйы кой айхъуыст, хабар ахастой фæндаггæттæ Гуырдзымæ дæр. Æмæ Урсдзуары коммæ иу заманы дыууадæс барæджы æрбацыд хъæздыг ифтонг бæхтыл. Æрфысым кодтой Дзиццомæ æмæ дзы æрдомдтой, дæ лæппуйы нын фенын кæн, зæгъгæ. Фæлæ сын æй Дзиццо нæ равдыста, цы нæ йын кодтой, уæддæр.
Стæй барджыты хистæр ралгъыста: "Уæдæ дæ цотæн зæнæг мауал уæд æмæ дæ ныры зæнæг та кæрæдзи фæцæгъдæнт æмæ уæ мыггаг дæр куыннал баззайа!"
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0