Мыггæгты тох. Санахъотæ æмæ Кæркуыстæ. Къæбыстæ куыд равзæрдысты

Мыггæгты тох
Рафыссын
Санахъойæн йæ иу фырт, Тотырадз, царди Дзауы. Тотырадзы хъуамæ амардтаиккой Гаглойты æвзагæй Дзауы цæрæг Кæркуыстæ. Амардтаиккой йæ Уастырджийы æхсæвы, Сухтайы Майрæмы бын.
Матæрса ацы фæрсты, Майрæмы бынты, нæ рауæндыд, фаллаг фæрсты рацæйцыд. Тотырадз та йæ сау бæхыл Сухтайы Майрæммæ куывды фæцæйцыд. Чысыл ма йæ хъуыди Майрæмы бынмæ, афтæ фæкасти, æмæ уæртæ Матæрса фаллаг фæрсты йæ худ тилгæ рацæуы. Зæрдæ ныссæххæтт кодта Тотырадзæн. Уайтагъд æй базыдта, хæрзæгæй кæй нæу ай хуызæн изæрыгон, стыр æхсæвы.
Матæрса йæ размæ доны рахызти, хабæрттæ цыбыртæй радзырдта.
Тотырадз ныхъхъæрзыд, Тотырадз ныррыхыд. Базыдта уайтагъд йæ уды æнамонд, йæхимæ йын Кæркуыстæ кæй хъавынц, уыцы сахат Майрæмы йæ разы кæй бадынц.
Уæддæр Матæрсайы лæгъстæмæ нæ байхъуыста Тотырадз, нæ раздæхт фæстæмæ, нæ фæтарст, мыййаг, фæлæ йæ бæх батардта, — Кæркуысты хъуамæ федтаид. Кæркуыстæ æнцад тымбылæй бадынц, цыма цæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0