УФ æфсæдтæ фæстæмæ аппæрстой Украинæйы Гарзджын тыхты атакæтæ Херсоны областы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУФ æфсæддон
УФ æфсæддон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ фæстæмæ аппæрстой Украинæйы Гарзджын тыхты атакæтæ Херсоны областы, хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад. Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй украинæйаг Гарзджын тыхтæ фæнд кодтой атакæ кæнын уæрæсейаг позицитæ æртæ ротон тактикон къорды тыхтæй.
"Николаев-Криворожаг здæхтыл Украинæйы Гарзджын тыхты æртæ ротон тактикон къорды фæнд кодтой атакæ кæнын уæрæсейаг позицитæ Херсоны областы цæрæн пункттæ Качкаровка, Пятихатка æмæ Садокы районы", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Уæрæсейаг æфсæддонтæ фæстæмæ аздæхтой знаджы, кæцы фесæфта бирæ æфсæддонты.
Æфсæддон уагдоны ма банысан кодтой, уæрæсейаг æфсæддонтæ кæй не ‘рбауагътой æрбахизын Украинæйы Гарзджын тыхты 12 диверсион-разысгарæн къорды.
Знаг ацы здæхтыл фесæфта: 110 æфсæддоны амардысты, скуынæг кодтой аст хæстон бронехæдтулгæйы æмæ 14 хæдтулгæйы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0