Уæрæсейаг скъолаты 2023 азæй бакæндзысты райдайæн æфсæддон цæттæкæнынад

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг скъолаты 2023 азæй бакæндзысты райдайæн æфсæддон цæттæкæнынад
Уæрæсейаг скъолаты 2023 азæй бакæндзысты райдайæн æфсæддон цæттæкæнынад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы рухсады министр Сергей Кравцов фехъусын кодта, фидæн азæй скъолаты кæй фæзындзæн райдайæн æфсæддон цæттæкæнынады фæдыл курс.

"Уый фæзындзæн фидæн ахуырадон азæй. Фыццæгæм январы онг æй бацæттæ кæндзыстæм, уый фæстæ йæ бафæлвардзыстæм, æмæ скъолатæн фидæн азæй уыдзæн фадат уымæй пайда кæнын" – хъусын кæны Кравцовы ныхæстæ РИА Новости.

Нысангонд æрцыд, скъоладзаутæ кæй ахуыр кæндзысты рæнхъон цæттæдзинад, сæрмагонд хъахъхъæнынады фæрæзтæ, фыццаг медицинон æххуыс бакæнын, хæцæнгарз, æхсыны бындуртæ, гранатæтæй пайда кæнын. Афтæ ма хистæркъласонтæ сахуыр кæдзысты архайын нырыккон æфсæддон тохы, сахуыр кæндзысты БМП-йы дæлхайады сконд æмæ хæцæнграз, солдаты позицийы инженерон ифтонггарз.
Ног хабӕртты лентӕ
0