Гаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæн

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæн
Гаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Барадхъахъхъæнæг органты кусджытыл ис уæлдай ахсджиаг æмæ вазыгджын мисси – фæтк æмæ уагæвæрд хъахъхъæнын. Ацы хæс æххæст кæнынæн æнæмæнгхъæуæг сты сæрмагонд зонындзинæдтæ æмæ закъоны тыхы фидар уырнындзинад. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæйы ныхасы.
"Абон мах цыт кæнæм йæ службæ кæмæн ссис æцæг цардыхæс, фыдракæндтимæ тох та – сæ царды сæйрагдæр хъуыддаг. Уæ куысты эффективондзинады æвдисæн у, фыццаджыдæр, æхсæнады уæлдай аргъ æмæ æууæнкдзинад", - нысангонд æрцыд арфæйы ныхасы.
Президент бахахх кодта, профессионализм æмæ удуæлдайдзинады традицитæ кæй баззадысты рагæй фæстæмæ æмæ цæуынц фыдæй фыртмæ.
Зæрдиаг арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ Гаглойты Алан загъта барадхъахъхъæнæг органты ветерантæн. Уыдон сарæзтой фидар бындур фидæнæн, цæхгæр слæууыдысты гуырдзиаг неонацистты ныхмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ территори хъахъхъæнгæйæ.
Республикæйы сæргълæууæджы зæрдæ загъта фадыджы кусджытæн æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ фарн, фидарæй йæ уырны дарддæр дæр цытимæ æмæ кадимæ кæй хæсдзысты Фыдыбæстæйы раз сæ хæс.
Ног хабӕртты лентӕ
0