Хорзӕхтӕ, арфӕтӕ ӕмӕ концерт: Цхинвалы банысан кодтой Милицийы бон

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Милицийы бон
Цхинвалы банысан кодтой Милицийы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацыд Милицӕйы бонӕн нывгонд цытджын рабадт. Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-мӕ ӕрӕмбырд сты республикӕйы разамынад президент Гаглойы Аланы сӕргълӕудӕй, ӕндӕр бӕстӕты минӕвӕрттӕ, закъондӕттӕг органты минӕвӕрттӕ, мидхъуыддӕгты министрады архайгӕ кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕ.
Фыццаг уал бӕрӕгбоны фӕдыл раарфӕ кодта уагдоны хистӕр Гӕззаты Валерий. Уый ӕрсидт, иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, ссарын уагдоны зынгхуыст кусджыты нӕмттӕ.

"Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй 20 сты орден Уацамонгӕйы кавалертӕ, уыдонӕй аст бӕрзонд хорзӕх райстой сӕ амӕлӕты фӕстӕ. Абон, бӕрӕгбонмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, мах хъуамӕ ӕрымысӕм ӕддагон знагимӕ тохы чи фӕхъуыд ӕмӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ чи фӕхъыд, уыдоны",- загъта Гӕззаты Валерий.

Уагдоны разамонӕг ма рахицӕн кодта фӕстаг ӕзты цы ӕвӕрццӕг ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Милицийы бон
День сотрудника органов внутренних дел Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2022
Цхинвалы банысан кодтой Милицийы бон
"Уӕрӕсейы финансон ӕххуысы фӕрцы нӕ уагдоны кусджытӕ исынц аккаг мызд, пенсионертӕ ифтонг ӕрцыдсты пенсийӕ, йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы чи фӕхъуыд, уыдонӕн лӕвӕрд цӕуынц компенсацитӕ, кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны "Ӕдас горӕт"-ы системӕйы ӕххӕст гуырахстӕй скуыст, йӕ архайд кӕны ХИ ӕмӕ УФ ИКЦ",- бафтыдта уый.
Сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл уагдоны кусджытӕн раарфӕ кодта паддзахады разамонӕг Гаглойты Алан.

"Уӕлдай мӕ рахицӕн кӕнын фӕнды уагдоны ветеранты, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, бузныг уӕ иузӕрдион куысты тыххӕй, цӕттӕ кӕй стут уӕ фӕлтӕрддзинад рӕдауӕй амонынмӕ. Ацы фадыджы кусджытӕн алкӕддӕр ис стыр домӕнтӕ, мӕн уырны сымах дарддӕр дӕр цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзыстут уӕ хӕстӕ нӕ адӕмы хӕрзӕбонӕн", - банысан кодта президент.

Цытджын церемонийы рӕстӕджы уагдоны кусджыты иу къорд хицӕн ӕрцыдысты сӕ хорз куысты тыххӕй паддзахадон ӕмӕ уагдоны хорзӕхӕй.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Милицийы бон
День сотрудника органов внутренних дел Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2022
Цхинвалы банысан кодтой Милицийы бон
Ног хабӕртты лентӕ
0