Къозы хъæумæ сæндидзын кодтой фæндагон бастдзинад

© SputnikКозы хъæуы фæндаджы уавæр абон
Козы хъæуы фæндаджы уавæр абон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik, Гæбæраты Элина. Дзауы районы горæт Къуаисайы коммуналон службæтæ расыгъдæг кодтой хæххон хъæу Къозмæ фæндаг. Уый тыххæй Sputnik радзырдта сахар Къуаисайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан.
Автомобилон фæндагмæ æрцыдис цъыфы зæй æмæ баурæдта фæндагон змæлд. Районы сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй сæхи тыхтæй сæ бон ссис сæндидзын кæнын фæндагон бастдзинад.
"Бынæттон коммуналон службæты тыхтæй фæндагон змæлд фæстæмæ байгом", - банысан кодта Хуыгаты Алан.
Козы хъæуы фæндаг рæстæгæй-рæстæгмæ æхгæд æрцæуы. Ацы аз дæр цалдæр хатты фæндагон змæлд скъуыд æрцыд. Тæрккъæвдаты фæстиуæгæн цæрæн пункт Къозмæ фæндаг фехæлд æмæ цалдæр къуыри баззад æнæ бастдзинадæй районы центримæ. Фæндаг сцалцæг кæныны тыххæй Къуаисайы районы техникæ иууылдæр скусын кодтой.
Ног хабӕртты лентӕ
0