Мыггæгты тох. Беджызатæ æмæ Тотыратæ. Рæмонаты алыгъд Гудзаретмæ

Мыггæгты тох
Рафыссын
Беджызаты мыггаджы аскъуыды фæстæ Хъæлласæны зæххытæ Ходзы Тотыратæ сæхи бакодтой æмæ сыл цъиу атæхын дæр нæ уагътой.
Беджызаты Пепе куы слæг и, уæд сæм сæрвыста: "Хъæлласæны зæххытæ, Бæхахсæнæй дæлæмæ, Фыййаг хъæдты онг æмæ Цъæх цад, стæй Æфцæджы сæры онг мæ фыдæлты уыдысты, æмæ сæ гъенырмæ фæхордтат æмæ уын хæлар уæд, фæлæ мын сæ гъеныр фæстæмæ раттут".
Тотыратæ не сразы сты, тохыл ныллæууыдысты Пепеимæ æнæхъæн мыггагæй Хъæлласæны тыххæй, æмæ кæрæдзи цæгъдынмæ æрцыдысты. Адæм-иу се ’хсæн бацыдысты æмæ та-иу сæ ныссабыр кодтой.
Пепе сæ дуарахæсты бакодта Тотыраты, æмæ та иу хатт фæбыцæу сты. Пепейæн Тотыратæ загътой: "Дæ фыдæлты зæхх уыдис Стыр фæзæй фалæмæ". Фæлæ Пепе ууыл не сразы, æмæ та йын Тотыратæ зæгъынц: "Кæд разы нæ кæныс, уæд Бæхахсæны хæрæг аргæвд, æмæ нæ бауырндзæни, Бæхахсæнæй фалæмæ дæ фыдæлты зæхх кæй уыд".
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0