Цхинвалы цæрджытæ Згъудеры уæлмæрды тыххæй: хъæуы сног кæнын зиутæ

© Sputnik Работники управления благоустройства города Цхинвал убирают Згудерское кладбище
 Работники управления благоустройства города Цхинвал убирают Згудерское кладбище - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik, Гæбæраты Элина. Горæт Цхинвалы хæрзарæзтады фæткдаруаты кусджытæ раластой Згъудеры уæлмæрдæй 40 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр бырон. Куыд радзырдтой фæткдаруаты кусджытæ, афтæмæй дыууæ къуыримæ схæццæ сты уæлмæрды зæронд хаймæ.
Коммуналон уагдонады кусджытæ кæрдынц кæрдæг, лыг кæнынц хус бæлæстæ, æфснайынц цардуагон бырæттæ æмæ сæ ласынц полигонмæ.
"Мах бæрæгæй размæ рацыдыстæм, фæлæ дзы нырма куыст тынг бирæ ис. Архайын хъæуы арæхстгай, уымæн æмæ зæронд хус бæлæстæ хъæуы ракæнын æмæ æдбындзæфхад скъахын. Уый та зæронд уæлмæрды дуртæн гæнæн ис æмæ зиан æрхæсса", - банысан кодта Sputnik ныхасæмбал.
Куыстытæ цæуынц октябры æмбисæй Цхинвалы администарцийы сæргълæууæг Къацты Генойы хъæппæрисæй. Архайынц ыл 30 кусæг æмæ техникæйы цыппар иуæджы.
Горæты цæрджытæ банысан кодтой куысты фæстиуджытæ æмæ сын æхсызгон у, уæлмæрды территори кæй ссис бирæ сыгъдæгдæр æмæ фæндон рахастой сног кæнын кæддæры традици – аз иу хатт расидын зиу.
Æрвыл аз Куадзæны бæрæгбоны размæ коммуналон службæты кусджытæ æфснайынц уæлмæрды территори, фæлæ тагъд байдзаг вæййы быронæй. Раздæры азты уыдонæн æххуыс кодтой волонтертæ, студенттæ, æфсæддонтæ, афтæ ма алыхуызон инициативон къордтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0