Евроцæдис аскъуыддзаг кодта ма банымайын УФ паспорттæ, кæцытæ радтой Хуссар Иры

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг паспорт
Уæрæсейаг паспорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Евроцæдисы Совет æмæ Европарламент цыппæрæмы развæлгъау баныхас кодтой ма банымайын УФ паспорттæ, кæцытæ радтой Украинæйы раздæры территоритыл – ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты, афтæ ма Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны.
Советы уынаффæйы дзырдæуы, зæгъгæ, æмбæлон текст барвыстой Совет æмæ Европарламентмæ, цæмæй йæ уыдон сфидар кæной.
Документы нысангонд æрцыд, зæгъгæ, уæрæсейаг фæсарæйнаг паспорттæ, кæцытæ радтой ацы территориты цæрджытæн, нымад нæ цæудзысты визæтæ райсынæн æмæ Шенгены тыгъдады арæнтыл хизынæн.
Советы бахахх кодтой, ацы скъуыддзаджы руаджы кæй нывæндынц гарантитæ радтын арæнты рæстаг куыстæн, иумæйаг визæйон политикæйæн, афтæ ма сæххæст кæнын Евроцæдисы бæстæты æдасдзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0