Хуссар Иры боксер стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы Кубокы

Боксер Гурам Гагиев с тренером
Боксер Гурам Гагиев с тренером - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ боксер Гӕджиты Гурам стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы Кубокы призтыл. Спортсменӕн уый у йӕ иууыл ахадгӕдӕр турнир ацы аз, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Гӕджиты Гурам у 2021 азы Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау ӕмӕ Европӕйы призер.
"Уӕрӕсейы Кубок у бӕстӕйы фыццагады фӕстӕ иууыл ахсджиагдӕр турнир. Гурам у хорз цӕттӕ ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын аккаг ралӕудмӕ", - загъта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, боксы фадыджы сног кодтой Уӕрӕсейы спортсменты хайадист ӕхсӕнадӕмон турнирты ӕмӕ уый тыххӕй уӕлдай ахсджиаг у ам рамбулын.
"Уӕрӕсейы Кубокы гӕнӕн ис ӕмӕ ацӕуа ӕвзӕрст европӕйаг ерыстӕм",- бафтыдта уый.
Гӕджиты Гурам ӕрӕджы рамбылдта Цӕгат Ирыстоны Гасситы Мурӕты призтыл тохы, уый ма банымадтой турниры хуыздӕр боксерыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0