Мыггæгты тох. "Тибы хасты фæу!". Лæсчъы хæрд. Абайты Дзоццæ

Мыггæгты тох
Рафыссын
Абайты Дзоццæ уыд номдзыд цуанон. Цуан кодта хадзы-мустафæйæ, æмæ йыл æрцыди фыццаг бон æмбисонд. Фыццагæттæ афтæ æмбисонд хастой: "Хорз цуанонæн йæ мард уæлмæрдтæм нæ хæццæ кæны".
Дзоццæ йæхи куы базыдта, уæд цуан кæнын байдыдта, æмæ æнæкæрон цагъд кодта сырдты. Цуан кодта алы ран дæр, суанг Къахетмæ дæр хæццæ кодта æмæ саг æмæ хуыйы мыггаг нæ уагъта Къахеты хъæды.
Йе стырдæр цуаны бынæттæ уыдысты: Уæлладжыргом, Куырттатгом, Хилачъы æмæ Сæнайы хæхтæ. Йæ фысым-иу уыди Сæнайы Цобыкъаты инæлар Глаха Хъазбегаты; Къахеты та йын-иу фысым уыдис кънйаз Цолохъайы-фырт.
Хæрыны сырдтæн æвæрдта сæ нымæцæн сæ дзоныгъы стджытæ; æнæхæрыны сырдты та сæ цæрмттæй нымадта. Æдæппæт амардта æртæ мины.
Нысанмæ-иу æмбылдта Дзоццæ кæйдæриддæр.
Уæлдай диссаг хъуыддаг дзы баззад Тырсыйы. Хъалæгаты Гуыдæ æмæ Зæбемæ, Тъепыхъæуы [3]уæлæсыхы, уыди фысыммæ. Уæд дæлæсыхы иу сæумæраджы, Дзынгаты раз, къæдзæхы сæр, бадти иу зæронд лæг æмæ лулæ дымдта. Йæ фысымтæн Дзоццæ загъта: "Дæлæ уыцы зæронд лæджы лулæ куы фæцæф кæнон, уæд мын дзы ратдзыстут?" Фысымтæ йын загътой: "Сæрра дæ, мыййаг, кæйдæр зæронд лæджы цæуыл марыс?.." Уый загъта: "Нæй йын æнæ фехсгæ". Афтæмæй Дзоццæ балкъоныл куы ’рæнцади, уæд фысымтæ хæдзармæ балыгъдысты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0