Цхинвалы сцайдагъ кодтой фӕрӕзты ӕмбырд чысыл чызгӕн схос кӕныны тыххӕй

© Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæЦхинвале сцайдагъ кодтой фӕрӕзты ӕмбырд чысыл чызгӕн схос кӕныны тыххӕй
Цхинвале сцайдагъ кодтой фӕрӕзты ӕмбырд чысыл чызгӕн схос кӕныны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сцайдагъ кодтой фӕрӕзты ӕмбырд цыппараздзыд чызджы хос кӕнынӕн. Уый нысанӕн ацыд хӕрзаудӕн концерт, хӕстӕджыты ӕмӕ хиуӕттӕ ӕмбырд кӕнынц сӕ муртӕ, ӕмӕ ӕвзонг активисттӕ та бавнӕлдтой Цхинвалы егъау базарадон объектты асыктӕ ӕвӕрынмӕ.
Цыппараздзыд Цхуырбаты Варварӕйы 23 ноябры хъуамӕ схуыссын кӕной бӕстон басгӕрст ӕмӕ хос кӕныны нысанӕн Мӕскуыйы клиникӕйы. Развӕлгъау диагноз у "тотальная алопеция".
Чысыл чызджы ӕнӕниздзинады проблемӕтӕ раргом сты сӕрды, уӕдӕй нырмӕ сывӕллон тынг фӕивта.

"Июлы райдыдтой йӕ хъуынтӕ ӕзгъӕлын, фӕстӕдӕр сывӕллоныл хъуын нал баззад бынтондӕр, схаудтой къухты ӕмӕ къӕхты ныхтӕ, хӕрд йӕ зӕрдӕ нал исы, фӕцух ис цӕстӕй. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ацы аз фӕрӕзтӕ нӕй хос кӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ фӕсивӕды хъӕппӕрис телеуынынады кусӕг Джиоты Оксанайы сӕргълӕудӕй у нӕ иунӕг ныфс", - загъта чызджы ныййарӕг Абайты Марина.

Йӕ фӕрнджын хъуыддаджы Джиоты Оксанамӕ бамбал сты йӕ хӕлӕрттӕ Хъотайты Сӕрмӕт ӕмӕ Бететы Алим.
"Иууыл стырдӕр дуканиты ис ӕвӕрд нӕ асыкктӕ, фӕлӕ ноджы хъуамӕ сӕвӕрӕм. Кӕд чысыл чызджы цы бахъӕуа, уымӕй фылдӕр дӕр ӕрӕмбырд уа, уӕддӕр сӕ ӕндӕр рынчын сабитӕн ратдзыстӕм", - загъта акци уадзӕг Джиоты Оксана.
Ног хабӕртты лентӕ
0