Мыггæгты тох. Плиты мыггаг Чысанмæ куыд алыгъди

Мыггæгты тох
Рафыссын
Плитæ рагæй дæр Ручъы цардысты, фæлæ сæ байзæддаг куыд бирæ кодта, афтæ лыгъдысты алы бынæттæм, чи зæххагур, чи йæ хæстæджыты цурмæ, чи та-иу йæ туджджынтæй фервæзыны фæндæй.
Цъус тох, мыййаг, нæ кодтой нæ фыдæлтæ: зæххы сæрыл, мыггаджы сæрыл, æрцæуæг адæмтимæ æмæ æппынфæстаг кад æмæ номы сæрыл. Æвзæр заман уыд уæд, мæ хуртæ. Мæгуырдзинад лæджы алцæуыл дæр ардауы, уымæй уæлдай та нæ адæммæ рагæй дæр цыты фæдыл хæцын хорз кæсы. Нæ фыдæлтæ æфхæрды ныхас нæ барстой, уæлдайдæр та æрцæуæг кæнæ æцæгæлон адæмæн.
Плиты мыггаг тох кодтой Дзерантимæ, тох кодтой сау мыггаджимæ — Сурхонтимæ æмæ иннæ мыггæгтимæ. Хæцыдысты Томайтимæ дæр. Иу Атынæджы лæгмæрдтæ дæр æрцыд, фæлæ сын Томайты Гæгуыц мæхъхъæлæй раирвæзын кодта сæ мыггаджы хистæры уацарæй, æмæ уый фæстæ æрсабыр æмæ хæларæй цæрын райдыдтой.
Плиты Гуыма ракуырдта Томайты чызджы йæхицæн усæн, æмæ йын дзы баззад лæппу (Дзама) æмæ чызг (Сæли), ус йæхæдæг амард. Гуыма та æрхаста дыккаг ус, бафыста дыккаг ирæд æмæ цæрын райдыдта йæ ног усимæ. Уымæй та йын райгуырдис фараст лæппуйы, дыууæ йын дзы амарди, авд та йын цæргæйæ баззад.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0