Мыггæгты тох. Тотыраты Дауыт

Мыггæгты тох
Рафыссын
Тотыраты Дауыт Еккаты хæрæфырт уыдис, афтæмæй тынг фыдуаг рацыдис æмæ Къабузты самайын кодта мæсыг чысайнæгтæн. Йæ уæлхæдзар æмæ йæ къултæн ын сыджыт æрхæссын кодта Хъараты хъæуæй — Тырсыйæ — хæрджытыл, ома фидар сыджыт у, æмæ ма тæдза. Мæсыджы сæрыл арæзт уыд уат æлхынцъæй. Йæ мæсыгæн æмбæрзæн сырхдур æрласын кодта Ходзæй, фаджысæй сын кодта сыфц. Мæсыг арæзт фæци, æмæ йын йæ хуылфы æфснайд уыд, цæрынæн цы хъуыдис, уый.
Йæ фæстæ Дауыт ацыд æмæ Едысы хъугоммæ акасти. Тынг йæ зæрдæмæ фæцыди æмæ загъта: "Ай куынæ байсон, уæд лæг нæ дæн, иу хæдзарæн хорз хай уаид". Бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодта æмæ сфæнд кодта, зæгъгæ, цæй, Галуанты зæхх байсон, а Едысимæ дзурын зын у. Нармæ йæ хæрæфырттæм арвыста æмæ дзы æфсæдтæ æркодта. Æфсæдты Мацхарайы рагъыл баурæдта. Уыцы дуджы дзуар ратахт æмæ Галуанты тымбыл мæсыджы смидæг и. Æфсæдтæ уый куы федтой, уæд сæ хистæр загъта: "Дауыт йæ мад æмæ йæ фыдæн, цы нæ хъæуы, уый фæкæнæд. Нарæй нæ, фæлæ Сидæмонтæй дæр æркæнæд æфсæдтæ, арвы астæу хур бон нæ сæрты дзуар ратахт, æмæ мах бон ницы у". — Уыйадыл ныппырх сты æфсæдтæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0