Ансамбль "Симд" сӕрмагондӕй Краснодары концертмӕ бацӕттӕ кодта хъазахъхъаг зарджытӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan"Симд"
Симд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Галаты Борисы номыл кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" ратдзӕн концерт Краснодары. Сӕрмагондӕй уый тыххӕй коллективы хор бацӕттӕ кодта хъазахъхъаг зарджытӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны культурӕйы министрады пресс-службӕ.
Ансамбль цӕуы райсом 15 ноябры.

"Ансамбль ралӕудзӕн Краснодары Пономаренкойы номыл филармонийы. Сфӕлдыстадон делегацийы сконды уыдзӕн 70 артистты хореографи, нӕлгоймӕгты хор ӕмӕ оркестрӕй. Краснодармӕ фӕуазӕг уыдзӕн культурӕйы министр Зӕгъойты Рада",- загътой уагдоны.

Уым ма банысан кодтой, сӕрмагондӕй концертмӕ нӕлгоймӕгты хор бацӕттӕ кодта хъазахъхъаг зарджытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0