МХМ кусджыты нӕ фӕкъаддӕр кӕндзысты: Министр йӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ сразыдзинады тыххӕй

© Пресс-служба МВД РЮОМидхъуыддӕгты министрад
Мидхъуыддӕгты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады 2025 онг уагдоны кусджытӕ къаддӕр нал цӕудзыстӕ - ахӕм сразыдзинад сӕ къухы бафтыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты хистӕртӕн. Уый тыххӕй къуырисӕры йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы радзырдта уагдоны хистӕр Гӕззаты Валерий.
Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-центры Мидхъуыддӕгты министр сдзуапп кодта журналистты фарстытӕн.
"2017 азы сфидаргонд бадзырды фӕлгӕтты ацы азы хъуамӕ райдыдтаиккой къаддӕр кӕнын МХМ кусджыты нымӕц, иумӕйагӕй сӕ кусыстӕй хъуамӕ сӕрибар ӕрцыдаид 200 адӕймаджы", - загъта министр.
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны уый ӕркодтаид бӕллӕх фӕстиуджытӕм.
"Кӕд раздӕр мах кусджытӕ исыны фарст лыг кодтам пенсиисджыты фӕрцы, уӕд ныр уыцы фадат дӕр нӕ уыд. 13 июлы мын уыд фембӕлд Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты министрады разамынадимӕ ӕмӕ нын уым бантыст бадзурын. 2025 азы онг РХИ МХМ-йы кусджытӕ къаддӕр нӕ цӕудзысты", - бафтыдта уый
Ног хабӕртты лентӕ
0