Цæгат Иры райдыдта Терчы хъазахъхъæгты культурон форум "Наследие предков"

© Sputnik / Наталья АйриянДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты райдыдта хъазахъхъаг культурæйы форум "Наследие предков". Уыцы форумы Дзæуджыхъæуы уазджытæ базонгæ уыдзысты Цæгат Ирыстоны Терчы хъазахъхъæгты культурон традицитимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта 15-æм Регион.
Куыд банысан кодта хъазахъхъы культурон центры директор Владимир Писаренко, афтæмæй равдыстытæ цæудзысты дыууæ мæйы дæргъы æрвыл сабат. Уый ма бафтыдта, алы равдыст дæр кæй уыдзæн тематикон.
"Абон нæ уазджытæ уыдысты æхсæнадон организацийы минæвæрттæ, кæцытæ агурынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Цæцæны чи фесæфт, уыдоны. Ссардтой не ᾿мбæстаг Терчы хъазахъхъæгты ингæнтæ, æмæ нæм баздæхтысты æмгуыстады æнхъарæнимæ", - радзырдта директор.
Афтæ ма форумы хайадисджытæ ауадздзысты тымбыл фынгтæ, мастер-класстæ, организаци скæндзысты дискуссион фæзуаттæ. Владимир Писаренкойы ныхæстæм гæсгæ, сæ нывæзты ис саразын къорд "Историйы волонтертæ", цæмæй уыдон госпиталон уæлмæрды солдатты ныгæныны хъуыддаджы сæргъ слæууой.
Афтæ ма форумы фæлгæтты ацæудзæн тымбыл фынг "Хъазахъхъаг туризмы райрæзт Цæгат Ирыстоны". Уым Терчы хъазахъхъæгтæ æрныхас кæндзысты хъазахъхъаг этнохутор саразыныл гом арвы бын музейы хуызы.
Хъазахъхъаг культурæйы форум "Наследие предков" архайдзæн Цыппурсы мæйы 24 бонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0