Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрæппæрстой æхсæз украинæйаг дроны

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ
Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой æхсæз украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы æртæ сармадзаны, фехъусын кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.
Афтæ ма æрыппæрстой залпон æхсты реактивон ситемæтæ HIMARS æмæ "Ольха"-йы æртæ сармадзаны Донецкаг адæмон республикæйы æмæ вертолет Ми-8 Запорожаг областы.
"Контрбатарейон тохы фæлгæтты Харьковы областы Кругляковка цæрæн пункты районы скуынæг кодтой америкæйаг артиллерион ситемæ М777-ы батарей", - бафтыдтой уагдоны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 333 хӕдтӕхӕджы, 176 вертолеты, 2504 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 388 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6593 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 891 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3577 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7216 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0