Дзæуджыхъæуы сараздзысты ног скъола 1100 бынатимæ

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы сараздзысты ног скъола 1100 бынатимæ
Дзæуджыхъæуы сараздзысты ног скъола 1100 бынатимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты фидæнмæ майы мæйы æрæвналдзысты 1100 ахуыр кæныны бынат кæм уа, ахæм скъола амайынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Куыстытæ сæ кæронмæ бакæнын сæ нывæсты ис 2024 азы, ахуыргæнæн уагдон фæзындзæн уынг Владивостокскаяйыл. Проект сфидар кæндзысты цалдæр мæйы фæстæ, амайæн организаци нырид у бæрæг.
Нысангонд æрцыд, скъола кæй фæзындзæн рухстауæн министрады хъæппæрисмæ гæсгæ Внешэкономбанчы æмархайдæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0