ФХМ сæргълæууæг Женеваг дискусситы тыххæй: Хуссар Ирыстонæн ацы фæзуат у ахсджиаг

© Sputnik / Natalia AiriyanФХМ сæргълæууæг Женеваг дискусситы тыххæй: Хуссар Ирыстонæн ацы фæзуат у ахсджиаг
ФХМ сæргълæууæг Женеваг дискусситы тыххæй: Хуссар Ирыстонæн ацы фæзуат у ахсджиаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik.Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон дарддæр дæр уаддзысты координацигонд политикæ Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон Женеваг дискусситы арæнæвæрдты, радзырдта Sputnik пресс-конференцийы республикæйы ФХМ-ы сæргълæууæг Джиоты Æхсар.
Ноябры райдианы уый ауагъта кусæгон фембæлд УФ ФХМ сæргълæууæг Сергей Лавровимæ. Фарслæуджытæ æрныхас кодтой дывæрсыг æмгуыстады актуалон фарстатæ, æхсæнадæмон æмæ регионалон æдасдзинады фадыджы проблемæтæ, афтæ ма Женеваг дискусситы перспективæтыл.
Куыд банысан кодта министр, афтæмæй уый у иунæг æхсæнадæмон фæзуат, 2008 азæй фæстæмæ. Хуссар Ирыстон æмæ йæ партнертæн Абхазæй Уæрæсе æмæ æндæр æхсæнадæмон институтты руаджы ис фадат æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстатыл ныхас кæнын.

"Уый махæн у ахсджиаг, æмæ ацы фарстайыл ныхас кодтам Лавровимæ фембæлды рæстæджы. Махæн ис иумæйаг ахаст æмæ архайдзыстæм æмуагæй. Дарддæр дæр хайад исдзыстæм ацы фембæлдты", - загъта Джиоты Æхсар.

Афтæ ма уый йæ æнæразыдзинад равдыста европæйаг паддзахадты ныхмæлæууæг къахдзæфты фæдыл. Уыцы къахдзæфты фæстиуæгæн "фæстаг рæстæджы фæвазыгджындæр сты кæцыдæр логистикон моменттæ". Уыимæ иумæ ма ФХМ-ы сæргълæууæг бафтыдта, уыцы ныхдуртæм æнæкæсгæйæ, дарддæр дæр хайад кæй исдзæн Женевæйы фембæлдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0