"Хъӕуы рахизын нымӕцӕй гъӕдмӕ": Гӕззаты Валерий УФ ахуыргӕнӕндӕттӕм лимитты тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan"Хъӕуы рахизын нымӕцӕй гъӕдмӕ": Гӕззаты Валерий УФ ахуыргӕнӕндӕттӕм лимитты тыххӕй
Хъӕуы рахизын нымӕцӕй гъӕдмӕ: Гӕззаты Валерий  УФ  ахуыргӕнӕндӕттӕм лимитты тыххӕй  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хъӕуы фӕкъаддӕр кӕнын мидхъуыддӕгты министрады хаххыл Уӕрӕсейы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм цы рауагъдонты арвитынц, уыдоны нымӕц, фехъусын кодта МХМ-йы сæргълæууæг Гӕззаты Валерий йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы.

"Ӕрцыд уыцы рӕстӕг ӕмӕ хъӕуы фӕкъаддӕр кӕнын Уӕрӕсемӕ нӕ уагдоны уылты цы фӕсивӕд цӕуы ахуырмӕ, уыдоны нымӕц. Ныр кусын æмбæлы нымӕцыл нӕ, фӕлӕ гъӕдыл. Мах ныр дӕр ӕвзарӕм зындзинӕдтӕ уыдоны куыстӕй сифтонг кӕныны хъуыддаджы", - загъта Гӕззаты Валерий.

Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм ӕрвыст фӕсивӕдӕн, ахуыры фæстæ сӕ бон куы не свæййы Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты куыст ссарын, уæд ацæуынц республикæйæ.
"Нӕ фӕсивӕд Уӕрӕсемӕ куы цӕуа, уӕд уый хорз хатдзӕгтӕм не 'ркӕндзӕн",- бафтыдта МХМ-йы сæргълæууæг.
Ацы аз Хуссар Ирыстоны МХМ-йы лимитты фӕрцы Уӕрӕсемӕ ахуырмӕ ацыд 32 рауагъдоны. Уыимӕ иумӕ уагдоны кадрты резервы ис УФ 25 рауагъдоны, кӕцытӕн нӕй куысты бынӕттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0