Куырыхон лæгты таурæгътæ. Санаты Семы хабæрттæ

Куырыхон лæгты таурæгътæ
Рафыссын
Адæмон таурæгъмæ гæсгæ, Санаты Сем райгуырд 200 азы размæ Захъагомы, Санаты хъæуы. Йæ фыды ном хуынд Бердыхъ, уыди Санахъоты хæрæфырт. Иннæ адæмон таурæгъмæ гæсгæ та, царди æмæ амарди Уæллаг Хъæнийы.
Стыр зондджын адæймагыл нымад уыд Сем, уыди мæлгъæвзаг, адæмы уарзон. Адæмы уырныдта, цы зæгъа, уымæн æнæрцæугæ нæй, зæгъгæ. Бирæ таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ базырджын ныхæстæ баззад Семæй: "Уд дзы нæ уыдзæн, афтæмæй зæххыл лæсдзæн тагъд æмæ ласдзæн хæхтæ æмæ бæстæ". "Æндахы хуызæн уыдзæн къæцæлтыл æмæ дзырд хæсдзæн, цы йæ хондзысты, уый нæ зонын". "Голлаг æмæ хызын уыдзысты æмбартæ". "Бæсты фæстаг уыдзæн дон æмæ Уырысы". "Хохы фæстаг суыдзæн быдираг". "Лæппу — дзураг æмæ чызг — æфсины рæстæг æрцæудзæн". "Куыдз-гадздза æнцад хуыссы, къæбылатæ йæ хуылфæй рæйынц, хъусы сæм, йæхæдæг æнцад хуыссы". "Ахæм фæлтæр уыдзæн, æмæ адæймаг базырджынæй тæхдзæн". "Хæдтулгæ уæрдон уыдзæн".
Сем Захъхъайæ Куырттаты коммæ ралыгъд, рагъыл æрæнцад æмæ загъта: — Иннæ майрæмбоны Захъайы аргъуанæн йæ кæлæн бон, мæнæн та мæ мæлæн бон. — Æмæ, дам, æцæг афтæ æрцыд.
Сем дзырдта адæмæн: — Хуыдзарм æрчъи æмæ сæрак дзабыр быцæу кодтой, бæласы сæрмæ чи схиздзæн, зæгъгæ. Æрчъи бæласы сæрмæ сбырыд, сæрак дзабыр дæр æмбисмæ сбырыд, стæй фæстæмæ рахаудта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0