ПÆК-ы радзырдтой Хуссар Ирыстоны арæнты фæткхалджыты тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanПункт пропуска Раздахан
Пункт пропуска Раздахан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Ивгъуыд мæйы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнты хицæн æмæ хицæн рæтты урæд æрцыдысты 28 фæткхалæджы. Уый тыххæй дыццæджы радзырдтой республикæйы ПÆК-ы пресс-службæйы.
Уагдонады сбæлвырд кодтой, уыдонæй цыппар кæй фехæлдтой паддзахадон арæны режим, аннæ 24 та уыдысты арæнгæрон режимы халджытæ.
Нысангонд æрцыд, паддзахадон арæнты фæткхæлдты алкæцыйы фæдыл дæр ПÆК-ы арæнхъахъхъæнæг службæ кæй ауагъта равзæрст. Уый фæстиуæгæн 18 адæймагæй æрдомдтой административон штраф, дыууæйы та дзы феддедуар кодтой республикæйы арæнтæй.
Афтæ ма уагдонады зæрдыл æрлæууын кодтой, Ленингоры æмæ Дзауы районы цæрджытæн, кæдон ахизынц арæнтæй пункт "Раздæхæн" æмæ "Переу"-æй алы мæйы 20-æм бонæй 30-æм бонмæ, цæмæй сæ уадзæн гæххæттытæ фæивой (адарддæр кæной). Бирæтæн сæ æмгъуыд фæуд кæны 2022 азы 30 ноябры. ПÆК-ы рагацау фæдзæхсынц, 30 ноябрæй фæстæмæ йæ уадзæн гæххæт чи нæ ранæуæг кæна, уыдоны банысангонд пункттæй нæ ауаддзысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0