https://sputnik-ossetia.com/20221115/tskhinvaly-tsaran-fond-bakhkhast-uydzan-tsyppar-nog-korpusay-19986536.html
Цхинвалы цӕрӕн фонд баххӕст уыдзӕн цыппар ног корпусӕй
Цхинвалы цӕрӕн фонд баххӕст уыдзӕн цыппар ног корпусӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы микрорайон "Цӕгаттаг"-мӕ хӕстӕг ног азы æрæвналдзысты цыппар ног бирӕфатерон хӕдзары... 15.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-15T15:04+0300
2022-11-15T15:04+0300
2022-11-15T16:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1030/04/10300427_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_d37717c123221072223fee75b09477de.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы микрорайон "Цӕгаттаг"-мӕ хӕстӕг ног азы æрæвналдзысты цыппар ног бирӕфатерон хӕдзары арӕзтадмӕ, фехъусын кодта Цхинвалы мэр Къацты Гено.Дыццӕджы горӕты хистӕр ссис Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты уазӕг, цы ран сдзуапп кодта журналистты фарстытыл.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ арӕзтад райдайдзӕн 2023 азы."Арӕзтадӕн зӕххы фадыг хицӕн ӕрцыд микрорайон "Цӕгаттаг"-ы хуссарварсы",- бахахх кодта уый.Цхинвалы мэр ма бафтыдта, аразӕг алкӕцы корпусӕй дӕр иу фатер кæй балӕвар кӕндзӕн горӕтӕн, аннӕтӕ цӕудзысты уӕй. Нывæсты ис саразын ипотекӕ дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1030/04/10300427_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_62044593c20ac05aa73d0b00d2be41ec.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы цӕрӕн фонд баххӕст уыдзӕн цыппар ног корпусӕй
15:04 15.11.2022 (Ранӕуӕггонд: 16:10 15.11.2022) ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы микрорайон "Цӕгаттаг"-мӕ хӕстӕг ног азы æрæвналдзысты цыппар ног бирӕфатерон хӕдзары арӕзтадмӕ, фехъусын кодта Цхинвалы мэр Къацты Гено.
Дыццӕджы горӕты хистӕр ссис Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты уазӕг, цы ран сдзуапп кодта журналистты фарстытыл.
"Мӕскуыйӕ нӕм бахатыд егъау амайæг, ӕз рахицӕн кодтон зӕххы фадыг хӕдзӕртты арӕзтадӕн",- загъта мэр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ арӕзтад райдайдзӕн 2023 азы.
"Арӕзтадӕн зӕххы фадыг хицӕн ӕрцыд микрорайон "Цӕгаттаг"-ы хуссарварсы",- бахахх кодта уый.
Цхинвалы мэр ма бафтыдта, аразӕг алкӕцы корпусӕй дӕр иу фатер кæй балӕвар кӕндзӕн горӕтӕн, аннӕтӕ цӕудзысты уӕй. Нывæсты ис саразын ипотекӕ дӕр.