Дыгъуызты Залинæ ирон æвзаджы дзырдты сусæг нысаниуджытыл

Дыгъуызты Залинæ ирон æвзаджы дзырдты сусæг нысаниуджытыл
Рафыссын
Æвзаг у удæгас системæ, ивы дугимæ иумæ, адæймаджы сæрызонд æмæ миддуне куыд ивы, афтæ. Цавæр сты уыцы диссаджы фæзындтæ æмæ ивындзиндтæ? Уый тыххæй Sputnik радзырдта ХИЗИ-йы ирон æвзаджы зонадон кусæг, преми "Булæмæргъ"-ы лауреат Дыгъуызты Залинæ.
"Рагзаманты адæм æууæндыдысты цавæрдæр уæлæрдзон тыхтыл, ома дзырдæн кæй ис йæхи маги, тых ын кæй ис, æмæ-иу уæд цавæрдæр дзырдтыл сæвæрдтой табу", - радзырдта эксперт.
Куыд радзырдта зонадон кусæг, афтæмæй йæ иртæстыты темæтæй иу у табугонд дзырдтæ æмæ эвфемизмтыл.
"Мæлæты темæ æрмæст рагзаманы адæмæн нæ уыди тæссаг, фæлæ дзы ныр дæр тæрсæм йæ койæ. Уый нысан кæны, абон дæр кæй пайда кæнæм цавæрдæр дзырдтæй æмæ дзырдбастытæй, кæцытæ нысан кæнынц амæлын", - банысан кодта Дыгъуызты Залинæ.
Цы нысан кæны "мæлæты лæг", "тъæпæн хъæу" æмæ æндæр фæлдæхт дзырдтыл ХИЗИ-йы ирон æвзаджы хайады зонадон кусæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0