https://sputnik-ossetia.com/20221116/kuyrykhon-lgty-taurgt-sanaty-sem-19960374.html
Куырыхон лæгты таурæгътæ. Санаты Сем
Куырыхон лæгты таурæгътæ. Санаты Сем
Sputnik Хуссар Ирыстон
Лæцы хъæуы царди ус æмæ лæг Санатæй. Ус æмæ лæгæн лæппу райгуырди æмæ куы рахъомыл, уæд ын ус æрхастой. Лæппуйæн æхсæз азмæ æхсæз райгуырди, фæлæ æхсæзæй иу... 16.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-16T15:10+0300
2022-11-16T15:10+0300
2022-11-16T15:10+0300
радио иронау
ирон таурæгътæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/0e/19960215_0:0:2006:1128_1920x0_80_0_0_15893c8a4146b9208383933af1c6624f.png
Куырыхон лæгты таурæгътæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Куырыхон лæгты таурæгътæ
Лæцы хъæуы царди ус æмæ лæг Санатæй. Ус æмæ лæгæн лæппу райгуырди æмæ куы рахъомыл, уæд ын ус æрхастой. Лæппуйæн æхсæз азмæ æхсæз райгуырди, фæлæ æхсæзæй иу дæр нæ фæцарди, куы-иу райгуырдысты, уæд сæ хъæлæсæй зынджытæ хаудта, æмæ-иу сыл æвгъæды бадæг устытæ куы бадис кодтой, уæд-иу сæ кой дæр нал фæзынд.Æвдæм фæлтæр та лæппуйæн йæ ус йæхи бар нæ уыд, æмæ йæ афон куы ’рцыд, уæд сæм фæзынди иу амондджын уазæг æмæ сæ фæрсы: — Цæуыл æнкъард стут, мæ уарзон адæм? Кæд уын, мыййаг, ме ’рцыд хъыг уыд, уæд æз æндæр ран дæр бафысым кæндзынæн.Уыдон загътой: — Мах де ’рцыдыл хъыг нæ кæнæм, фæлæ иу æнамонды бын бахаудтам æмæ уый тыххæй хъыг кæнæм. Чындз æрхастам, æмæ ныл зæнæг нæ хæцы. Сывæллон нын куы райгуыры, уæд йæ хъæлæсæй зынджытæ хауы, стæй фæтар вæййы.Уыцы рæстæджы чындз схъæрзыдта. Уæд уазæг æфсинмæ фæдзурын кодта. Æфсин æм æрбацыд. Уазæг æй фæрсы: — Куыд у дæ фæсвæд бадæджы хабар? — Гуыргæ йын ракæндзæн, фæлæ та йæ гуырд цы фæуыдзæн, уымæн цы бæрæг и? — Тагъд мын хуыйы сой ссарут.Хуыйы сой йын æрбахастой. Уазæг хуыйы сой схъарм кодта æмæ загъта æфсинæн:— Æ уыцы хуыйы сойæ сæрдут сывæллоны, куыд хицæн кæна гуыбынæй, афтæ, æмæ нал фæдæлдзæхх уыдзæн. Иннæ æхсæз дæр хуыйы сойæ сæрст куы ’рцыдаиккой, уæд сæм хæйрæджытæ нæ бауæндыдаиккой.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/0e/19960215_0:0:1504:1128_1920x0_80_0_0_9449527924f5dbc9c57f8aa467de103d.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
Лæцы хъæуы царди ус æмæ лæг Санатæй. Ус æмæ лæгæн лæппу райгуырди æмæ куы рахъомыл, уæд ын ус æрхастой. Лæппуйæн æхсæз азмæ æхсæз райгуырди, фæлæ æхсæзæй иу дæр нæ фæцарди, куы-иу райгуырдысты, уæд сæ хъæлæсæй зынджытæ хаудта, æмæ-иу сыл æвгъæды бадæг устытæ куы бадис кодтой, уæд-иу сæ кой дæр нал фæзынд.
Æвдæм фæлтæр та лæппуйæн йæ ус йæхи бар нæ уыд, æмæ йæ афон куы ’рцыд, уæд сæм фæзынди иу амондджын уазæг æмæ сæ фæрсы: — Цæуыл æнкъард стут, мæ уарзон адæм? Кæд уын, мыййаг, ме ’рцыд хъыг уыд, уæд æз æндæр ран дæр бафысым кæндзынæн.
Уыдон загътой: — Мах де ’рцыдыл хъыг нæ кæнæм, фæлæ иу æнамонды бын бахаудтам æмæ уый тыххæй хъыг кæнæм. Чындз æрхастам, æмæ ныл зæнæг нæ хæцы. Сывæллон нын куы райгуыры, уæд йæ хъæлæсæй зынджытæ хауы, стæй фæтар вæййы.
Уыцы рæстæджы чындз схъæрзыдта. Уæд уазæг æфсинмæ фæдзурын кодта. Æфсин æм æрбацыд. Уазæг æй фæрсы: — Куыд у дæ фæсвæд бадæджы хабар? — Гуыргæ йын ракæндзæн, фæлæ та йæ гуырд цы фæуыдзæн, уымæн цы бæрæг и? — Тагъд мын хуыйы сой ссарут.
Хуыйы сой йын æрбахастой. Уазæг хуыйы сой схъарм кодта æмæ загъта æфсинæн:
— Æ уыцы хуыйы сойæ сæрдут сывæллоны, куыд хицæн кæна гуыбынæй, афтæ, æмæ нал фæдæлдзæхх уыдзæн. Иннæ æхсæз дæр хуыйы сойæ сæрст куы ’рцыдаиккой, уæд сæм хæйрæджытæ нæ бауæндыдаиккой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.