РХИ президент Гаглойты Алан снысан кодта ПТРК "Ир"-ы сæргълæууæгæй Хъазиты Хатунайы

© Официальный сайт Администрации города ЦхинвалРХИ президент Гаглойты Алан снысан кодта ПТРК "Ир"-ы сæргълæууæгæй Хъазиты Хатунайы
РХИ президент Гаглойты Алан снысан кодта ПТРК Ир-ы сæргълæууæгæй Хъазиты Хатунайы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя – Sputnik. ХИ президент Гаглойты Алан бафыста бардзырд ПТРК "Ир"-ы сæргълæууæджы бынатмæ кæй снысан кодта Хъазиты Хатунайы.
Уый хæдразмæ республикæйы сæргълæууæг ссæрибар кодта Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы рæстæгмæ директоры хæстæ æххæст кæнынæй директоры хæдивæг Бестауты Аланы.
Бардзырд йæ тыхы цæуы йæ бафысты бонæй.
Биографион бæрæггæнæн.
Хъазиты Хатуна райгуырд г. Цхинвалы 1970 азы 10 ноябры. Астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырад райста РХИ ахуырадон уагдонадты.
1994 аз – Паддзахадон телеуынынады директор.
1995 аз – ПТРК "Ир"-ы сæйраг редактор.
2002 аз – ПТРК "Ир"-ы директоры хæдивæг.
2006 аз – г. Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг.
Сахар Цхинвалы Администрацийы кусыны рæстæджы хорзæхджын æрцыд дыууæ паддзахадлогн хæрзиуæгæй. Хъазиты Хатуна у мойгонд, ис ын дыууæ сывæллоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0