УФ Хъахъхъæнынады министрад: Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта вертолет МИ-8 Харьковы ᾿рдыгæй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУФ Хъахъхъæнынады министрад: Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта вертолет МИ-8 Харьковы ᾿рдыгæй
УФ Хъахъхъæнынады министрад: Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта вертолет МИ-8 Харьковы ᾿рдыгæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ дарддæр куынæг кæнынц ныхмæлæууæджы техникæ æмæ æвæрæнтæ, дзырдæуы Хъахъхъæнынады министрады æмбырдуацы.
Запорожьейы ᾿рдыгæй уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта украинаг вертолет Ми-8. УФ Æфсæддон тыхтæ Луганскы Адæмон республикæйы территорийыл скуынæг кодтой АИШ арæзт батареяты ныхмæ тохы радиолокацион стъанцæ. Афтæ ма куынæггонд æрцыд украинæйы Æфсæддон тыхты хæстæрмæджы æвæрæн Запорожьейы.
Харьковы облæсты уæрæсейаг артиллери фæцæф кодта дыууæ америкæйаг артиллерион системæ М777. Куынæггонд æрцыдысты хæдтулгæ артиллерион хæстæрмæг "Акация" Херсоны облæсты, залпон æхсты системæ "Град" та – Луганскы облæсты.
Уæрæсейаг Уæлдæфон хъахъхъæнынад рацахста реактивон системæ HIMARSæмæхсты 11 сармадзаны нæмыджы. Æрæппæрстой 3 æнæпилотон хæдтæхæджы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 333 хӕдтӕхӕджы, 177 вертолеты, 2514 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 388 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6644 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 892 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3587 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7240 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0