Мады бон Хуссар Ирыстоны: скъоладзауты ᾿хсæн уадзынц конкурс

© Sputnik / Natalia Airiyan Хъотайты Светлана
Хъотайты Светлана
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уадзынц конкурс Мады боны цытæн, радзырдта Sputnik уæрæсейаг æмбæстæгты Хуссар Ирыстоны Координацион советы сæргълæууæг Хъотайты Светлана.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, конкурс организацигонд æрцыдис республикон æхсæнадон организаци "Россы"-йæ Цхинвалы Русский домы æххуысæй.
"Конкурсы нысан у хæдхъом сфæлдыстадон фæлтæрддзинад, хъуыдыкæнынад æмæ фыссыны хуызы хъуыдытæ радæттыны фæрæзтæ райрæзын кæнын. Конкурсы хæслæвæрд у фыдæлтæй нæм чи баззад, уыцы бинонты традицитæ бахъахъхъæнын", - банысан кодта Хъотайты чызг.
Уый бафтыдта конкурсмæ кæй æрбавдисдзысты цыппар номинацийы: "Литературон сфæлдыстад", "Уынаффæкæнынад", "Царды хабар" æмæ "Фыстæг".
Хъотайты Светлана ныхæстæм гæсгæ, конкурсы сæ бон у æмæ хайад райсой ахуыргæнæн уагдæтты 14-16 аздзыд скъоладзаутæ.
"Конкурсмæ куыстытæ исдзыстæм ноябры 21 бонмæ, уый фæстæ райдайдзыстæм куыстытæн сæ оригиналондзинад, афтæ ма орфографион рæдыдтытæ æмæ тексты логикон ралæвæрд сгарын", - радзырдта уый.
Хъотайты Светлана ма бафтыдта, конкусантты кæй схорзæхджын кæндзысты зынаргъ лæвæрттæй æмæ дипломтæй, уæлахиздзаутæ та фидæнмæ райсдзысты хайад культурон-ахуырадон проект "Здравствуй – Россия!"-йы.
Ног хабӕртты лентӕ
0