https://sputnik-ossetia.com/20221117/mygggty-tokhtotyraty-uarigan-tybylaty-mayor-m-slanty-drigo-bolayy-khabrtt-19960054.html
Мыггæгты тох. Тотыраты Уариган. Тыбылаты Майор æмæ Сланты Дриго. Болайы хабæрттæ
Мыггæгты тох. Тотыраты Уариган. Тыбылаты Майор æмæ Сланты Дриго. Болайы хабæрттæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Раджы заманы уыдис æлдар æмæ адæмы æлхæнгæ дæр кодта æмæ хæсмæ дæр иста. 17.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-17T16:10+0300
2022-11-17T16:10+0300
2022-11-24T12:25+0300
радио иронау
ирон таурæгътæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/0e/19959808_0:0:2006:1128_1920x0_80_0_0_ec086dba0b0ddd185fd0bf25df974c39.png
Мыггæгты тох
Sputnik Хуссар Ирыстон
Мыггæгты тох
Раджы заманы уыдис æлдар æмæ адæмы æлхæнгæ дæр кодта æмæ хæсмæ дæр иста.Тыбылатæй иу Майор уыд, Ерманы хъæуы царди, фæлæ — мæгуыр лæг — æмæ æлдарæн йæ хæс нæ бафыста. Уыйадыл æй æлдар ракодта. Брытъатмæ йæ æркодта.Слантæй иу æнæзæнæг лæг Ростъом уыд, иунæгæй цард — уый йæ балхæдта. Æлдарæн радта хорз бæх, лæг та Ростъоммæ баззад.Майор Ростъоммæ фæцарди цалдæр азы. Ус ын ракуырдтой, æмæ куы фæзæнæгджын ис, уæд байуæрста æмæ царди хицæнæй.Слантæй иу Дриго хуындис, уый иу бон фæхыл ис Майоримæ, хыл загъд расайдта. Дриго йæм хъама фелвæста æмæ Майоры агъд ахауын кодта, раст фистоны онг хъама атъыста Майоры агъды. Лæг фæрынчын æмæ æруатон. Уæд ирон дæснытæ агъдыл сарат [1] ныккодтой, хъæдгом дзæбæхы бæсты хæрам ахаста, цæф тынг срæсыд, æмæ лæг амарди. Дриго йæхицæн цæргæйæ баззад.Майорæн йæ фæстæ баззад дыууæ лæппуйы — Максим æмæ Цикка. Слантæ дыууæ лæппуйæн туг бафыстой, ставд æмæ лыстæг фосæй æстдæсгай сæры, æхца æртæ хатты æстдæс æмæ хуымзæхх, уыимæ сæрвæт æд уыгæрдæнтæ, æмæ бафидыдтой.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/0e/19959808_0:0:1504:1128_1920x0_80_0_0_6a5ab5215cc0030b8c103c0bde066269.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
Раджы заманы уыдис æлдар æмæ адæмы æлхæнгæ дæр кодта æмæ хæсмæ дæр иста.
Тыбылатæй иу Майор уыд, Ерманы хъæуы царди, фæлæ — мæгуыр лæг — æмæ æлдарæн йæ хæс нæ бафыста. Уыйадыл æй æлдар ракодта. Брытъатмæ йæ æркодта.
Слантæй иу æнæзæнæг лæг Ростъом уыд, иунæгæй цард — уый йæ балхæдта. Æлдарæн радта хорз бæх, лæг та Ростъоммæ баззад.
Майор Ростъоммæ фæцарди цалдæр азы. Ус ын ракуырдтой, æмæ куы фæзæнæгджын ис, уæд байуæрста æмæ царди хицæнæй.
Слантæй иу Дриго хуындис, уый иу бон фæхыл ис Майоримæ, хыл загъд расайдта. Дриго йæм хъама фелвæста æмæ Майоры агъд ахауын кодта, раст фистоны онг хъама атъыста Майоры агъды. Лæг фæрынчын æмæ æруатон. Уæд ирон дæснытæ агъдыл сарат [1] ныккодтой, хъæдгом дзæбæхы бæсты хæрам ахаста, цæф тынг срæсыд, æмæ лæг амарди. Дриго йæхицæн цæргæйæ баззад.
Майорæн йæ фæстæ баззад дыууæ лæппуйы — Максим æмæ Цикка. Слантæ дыууæ лæппуйæн туг бафыстой, ставд æмæ лыстæг фосæй æстдæсгай сæры, æхца æртæ хатты æстдæс æмæ хуымзæхх, уыимæ сæрвæт æд уыгæрдæнтæ, æмæ бафидыдтой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.