Уæззау, фæлæ уæздан: Гаглойты Алан хъæууон хæдзарады куысты тыххæй

© Пресс-служба президента РЮОУæззау, фæлæ уæздан: Гаглойты Алан хъæууон хæдзарады куысты тыххæй
Уæззау, фæлæ уæздан: Гаглойты Алан хъæууон хæдзарады куысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы хъæууон хæдзарады фадыджы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.
Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, хъæууон хæдзарад кæй у экономикæйы фадгуытæй бындурон æмæ стратегион æгъдауæй ахсджиаг, ахъаз у паддзахады хæлцадон æдасдзинадæн.
"Зæхкусджыты куыст алыхатдæр нымад цыдис тынг уæззау, фæлæ уæзданыл. Уæ райгуырæн бæстæ æмæ хъуыддагыл иузæрдион кæй стут, уый тыххæй уын уæлдай цыт кæнæм. Стыр бузныг уын зæгъæм, фыдæлты традицитæй хуыздæрты фылдæр кæнынмæ кæй тырнут", – радзырдтой президенты ныхæстæ йæ пресс-службæйы.
Гаглойты Алан банысан кодта, республикæйы къухдариуæгады сæйрагдæр хæслæвæрдтæй сæ иу кæй у хъæууон территоритæ æрбæстон кæнын æмæ дзы нырыккон социалон инфраструктурæ саразын. Президент фидарæй загъта, иумæйаг тыхтæй банысангонд хæслæвæдтæ сæ къухы кæй бафтдзысты, æмæ аграрон сектор рахиздзæн ног гъæдджындæр æмвæзадмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0