Ирон тырысайы бын: Хуссар Иры боксерты фӕхуыдтой Цӕцӕны ӕппӕтуӕрӕсеон турнирмӕ

© AFP 2022 / YURI CORTEZБокс,
Бокс, - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Цӕцӕны ӕппӕтуӕрӕсеон турниры ирон тырысайы бын, фехъусын кодта Sputnik Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.
Бынӕттон боксертӕн фӕсарӕнты турниры архайыны фадат вӕййы ӕрмӕст Цӕгат Ирыстоны къорды сконды.

"Ӕппӕтуӕрӕсеон турниры астӕуккаг ахуыргӕнӕндӕтты студентты ᾿хсӕн нӕ командӕ ӕмӕ Абхазы минӕвӕрттӕ ралӕудзысты сӕ паддзахадон тырысайы бын",- загъта Кокойты Ирбег.

Хуссар Ирыстоны Боксы скъола раразмӕ кодта ерыстӕм фидар сконд - сӕ нымӕцы сты бирӕнымӕц турнирты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ -Тыбылты Алыксандр, Коцты Андрей, Гуыцмӕзты Руслан ӕмӕ Джиоты Марат.
Фӕсивӕд ерыстӕм афӕндараст уыдзысты къуырисӕры.
Боксы скъолайы аннӕ минӕвар Цхуырбаты Арсен та стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы фыццагады. Уый архайы 80+ кг уӕзы, ӕвзӕрст рацыд профцӕдисты турниры уылты.
Ног хабӕртты лентӕ
0