Хуссарирыстойнаг хистæркъласонтæн уадзынц ахуыртæ хæстон-патриотикон хъомыладæй

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссарирыстойнаг хистæркълассонтæн уадзынц ахуыртæ хæстон-патриотикон хъомыладæй
Хуссарирыстойнаг хистæркълассонтæн уадзынц ахуыртæ хæстон-патриотикон хъомыладæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрад уадзы республикæйы хистæркъласонтæн ахуыртæ хæстон-патриотикон хъомыладæй. Уый тыххæй хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдонады пресс-службæ.

"Уый агъоммæ ахуыртæ ауагъдæуыд Цхинвалы астæуккаг скъола №2 рауагъдон къластæн. Мадзал сарæзта сæрмагонд скондимæ куысты хистæр офицер, гвардийы майор Цыхуырбаты Гурам", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уагдонады ма радзырдтой, æфсæддон городокы территорийыл лæппутæ æмæ чызджытæ бабæрæг кодтой мемориал "Воинской славы", кæцы арæзт æрцыд гуырдзиаг агрессийы ныхмæлæуды фæстиуæгæн чи фæхъуыд, уыцы æфсæддонты номарæн.
Ахуырдзаутæн радзырдтой республикæйы хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинад, националон æфсады хайбавæрдыл паддзахады суверенитеты. Сæрмагондæй æрдзырдтой националон æфсады бындурæвæрджытыл.
Хистæркъласонты базонгæ кодтой сæрмагонд сконды службæйы уавæртимæ, радзырдтой курсантты боны фæтк, фенын кодтой æфсады куыд хъæуы раст тухын хуыссæн. Афтæ ма ахуырдзаутæн фенын кодтой хъахъхъæнынады министрады хæдзарон аргъуан, спортивон зал æмæ уагдонады музей. Хæрæндоны организацигонд æрцыди æфсæддон сихор.
Ахæм ахуыртæ дарддæр дæр уагъд цæудзысты республикæйы æндæр скъолаты дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0