Куыд банысан кæндзысты ХИ Хъæбатырдзинад æмæ адæмы иудзинады бон

© Sputnik / Natalia AiriyanКуыд банысан кæндзысты ХИ Хъæбатырдзинад æмæ адæмы иудзинады бон
Куыд банысан кæндзысты ХИ Хъæбатырдзинад æмæ адæмы иудзинады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хъæбатырдзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн мадзæлттæ Цхинвалы райдайдзысты 21 ноябры чиныгон-иллюстративон равдыстæй Республикон фæсивæдон библиотекæйы. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады пресс-секретарь Хуыгаты Алана.
22 ноябры ацæудзæн мадзæлтты цикл республикон сывæллæтты библиотекæйы, уыдоны ᾿хсæн сывæллæтты нывты æмæ аив кæсыны конкурс, афтæ ма фембæлдздысты 1989 азы 23 ноябры цауты хайадисджытимæ.
"Уыцы бон Анахарсисы номыл Республикон националон библиотекæйы ауаддзысты тымбыл фынг "Хуссар Ирыстоны националон-сæрибаргæнæн змæлды райдайæн". Изæры паддзахадон драмтеатры равдисдзысты спектакль "Фæстаг æвдисæн", - радзырдта Хуыгаты Алана.
Хъæбатырдзинад æмæ адæмы иудзинады боны – 23 ноябры – ацæудзæн патриотикон зарæджы концерт паддзахадон драмтеатры.
"Концерты ралæудзысты адæмæн уарзон эстрадон æххæстгæнджытæ. Концертмæ бацæуæн уыдзæн æнæаргъæй", - баххæст кодта пресс-секретарь.
Ног хабӕртты лентӕ
0