Куырыхон лæгты таурæгътæ. Демыраты Кацо

Куырыхон лæгты таурæгътæ
Рафыссын
Гомеры тыххæй рагон бердзенты бæстæйы быцæу кодтой авд горæты. Демыраты Кацо Гомер нæ уыд, уый тыххæй авд горæты нæ быцæу кодтой, фæлæ Куырттаты комы авд хъæуæй иу нннæмæн бар нæ уадзы, Кацо мах у, зæгъгæ.
Цы зæгъæн ис, хорзы алчидæр йæхи хоны, æвзæрæй та алчидæр арвы талынгты лидзы. Нæ фыдæлтæ дзырдтой: "Кацомæ Хуыцауы комы тæф ис, уыййеддæмæ сыгъдæг зæххон лæг авд хъæлæсæй алы диссæгтæ куыд зоны дзурын".
Ацы ныхас æз арæхдæр хъуыстон Гуытъиаты Багкойæ, Гусаты Дзабойæ, Хъариаты Аслæнбегæй. Фæлæ Кацойæ цы ’мбисæндтæ æмæ таурæгътæ баззад, уыдон сыгъдæгдæрæй рахаста Æхполæтты Елдзарыхъо.
Иу хатт зæрæдтæ ныхасы бадынц, мах — кæстæртæ — дарддæр лæууæм æмæ сæм хъусæм. Елдзарыхъо быцæуы бацыд йе ’мгæрттимæ: "Уый Кацойы æмбисонд у, æмæ йæ æндæрырдæм ма аразут, нæ уын бакомдзæн æндæр фæндагыл аразын".
Санаты Азджери йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта æмæ дис кæнгæйæ сдзырдта: "Арæби, цымæ уый цавæр Кацо уыдаид, Елдзарыхъо йæ алы зæрдиаг ныхасы дæр уымæй æмбисонд куы хæссы!"
Куындыхаты Муссæ уыд хъæздыг æлдар æмæ инæлар. Йæ бирæ зæххытæ æмæ йæ галуан уыдысты ныртæккæйы Рахизфарсы районы, Раздзоджы хъæуы. Уæд æй хуыдтой Муссæйы хъæу.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0