https://sputnik-ossetia.com/20221118/tskhinvaly-skhorzakhdzhyn-kodtoy-khitsauady-apparaty-kusdzhyty-20062720.html
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты. Паддзахадон ӕмӕ хицауады хорзӕхтӕ радтой президент Гаглойты... 18.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-18T16:40+0300
2022-11-18T16:40+0300
2022-11-18T16:49+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/12/20057980_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_780d9586e2a2971dc1f191d63ab90fbc.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты. Паддзахадон ӕмӕ хицауады хорзӕхтӕ радтой президент Гаглойты Алан ӕмӕ премьер-министр Джуссойты Константин.Цытджын церемони ацыд хицауады аппараты бындурӕвӕрды боны цытӕн. 2006 азы 6 октябры президенты барамындӕй президент ӕмӕ хицауады администраци рацарӕзтой Президенты администраци ӕмӕ Хицауады аппаратмӕ. Президент раарфӕ кодта аппараты кусджытӕн, йæ зæрдæ сын загъта ӕнтыстыты фӕндӕгтӕ куысты ӕмӕ царды.Майдантӕ ӕмӕ кады грамотатӕй хицауады аппараты кусджыты рахицӕн кодта премьер-министр Джуссойты Константин дӕр."Арфӕ уын кӕнын бӕрӕгбоны фӕдыл, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы цӕмӕй республикӕйы историйы баззайат, куыд йӕ размӕцыдӕн ахъаз чи фӕци ахӕм коллектив",- загъта хицауады сӕрдар.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/12/20057980_160:0:1120:720_1920x0_80_0_0_d4ac0952bba90d138ce14ca049296e27.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты
16:40 18.11.2022 (Ранӕуӕггонд: 16:49 18.11.2022) ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты. Паддзахадон ӕмӕ хицауады хорзӕхтӕ радтой президент Гаглойты Алан ӕмӕ премьер-министр Джуссойты Константин.
Цытджын церемони ацыд хицауады аппараты бындурӕвӕрды боны цытӕн. 2006 азы 6 октябры президенты барамындӕй президент ӕмӕ хицауады администраци рацарӕзтой Президенты администраци ӕмӕ Хицауады аппаратмӕ. Президент раарфӕ кодта аппараты кусджытӕн, йæ зæрдæ сын загъта ӕнтыстыты фӕндӕгтӕ куысты ӕмӕ царды.
"Фыццаг хатт ӕмбӕлын уемӕ президенты бынаты. Аразинæгтæ ма нын бирæ ис. Абон мӕхицӕн дӕр у ӕхсызгон сымахӕн хорзӕхтӕ дӕттын",- загъта Гаглойты Алан.
Майдантӕ ӕмӕ кады грамотатӕй хицауады аппараты кусджыты рахицӕн кодта премьер-министр Джуссойты Константин дӕр.
"Арфӕ уын кӕнын бӕрӕгбоны фӕдыл, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы цӕмӕй республикӕйы историйы баззайат, куыд йӕ размӕцыдӕн ахъаз чи фӕци ахӕм коллектив",- загъта хицауады сӕрдар.