Цхинвалы йæ фæстаг балцы афæндараст кодтой Елбачиты Иваны

Цхинвалы йæ фæстаг балцы афæндараст кодтой Елбачиты Иваны
Цхинвалы йæ фæстаг балцы афæндараст кодтой Елбачиты Иваны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны йе ᾿нусон бынатмæ афæндараст кодтой Елббачиты Иваны (æфсæддон фæсномыг "Дон"), кæцы хъайтарæй амард Украинæйы СÆО рæстæджы.
Граждайнаг панихидæ ацыди Цхинвалы микрорайон "Мæскуыйаг"-ы. Йæ фæстаг балцы хъайтары афæндараст кæнынмæ æрбатымбыл сты горæты цæрджытæй сæдæтæ, республикæйы хицауады минæвæрттæ премьер Джуссойты Константины сæргълæудæй, Хъахъхъæнынады министрады кусджытæ æмæ æфсæддон æмбæлттæ.
Елбачиты фырт уыд бархион, сæ къорды бахауд бабадты æмæ 25 сентябры амардысты йе ᾿фсæддон æмбæлттимæ иумæ. Мæй æмæ ᾿рдæг сæ агуырдтой, ссардтой æрмæстдæр ноябры райдайæны.
"Йæ сабиботæй фæстæмæ Ванчик (афтæ йæ хуыдтой йæ хæстæджытæ) уыд хуыздæрты рады, хорз ахуыр кодта, спортæй архайдта. Службæ ацыди ам. Фондз азы фæцахуыр кодта Санкт-Петербурджы Артиллерион академийы, æрыздæхт фыдыбæстæмæ æмæ райдыдта кусын Хъахъхъæнынады министрады. Уый фæстæ уыцы ран йæ квалификаци фæуæлдæр кодта. Алы хъуыддаджы дæр йæхи æвдыста хуыздæрæй. Куыстæй йæ нæ уагътой, фæлæ уæддæр ацыдис сæрмагонд операцимæ бархионæй", - радзырдтой трауры митингы йæ хæстæджытæ.
Иван хорзæхджын æрцыд майдан "Защитнику Отечества"-йæ йæ амæлæты фæстæ. Цыдис ыл 29 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0