Уæрæсейаг сенатортæ цæттæ сты баххуыс кæнын хæдтулгæты баласт УФ фарст аскъуыддзаг кæнын

© Sputnik / Natalia AiriyanУæрæсейаг сенатортæ цæттæ сты баххуыс кæнын хæдтулгæты баласт УФ фарст аскъуыддзаг кæнын
Уæрæсейаг сенатортæ цæттæ сты баххуыс кæнын хæдтулгæты баласт УФ фарст аскъуыддзаг кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент æмæ УФ Совфеды æмгуыстады комиссийы къухы куы бафта республикæйæ хæдтулгæты раласты æмæ баласты проблемæ, уæд уый уыдзæн æппæты стырдæр æнстыст, загъта парламенты спикер Æлборты Алан уæрæсейаг сенатортимæ фембæлды рæстæджы.
Хæдтулгæты баласты проблемæ у тынг ахсджиаг æмæ æндавы республикæйы алы цæрæгыл дæр.
"Нæ цæрджыты фылдæр хай арæх цæуы Уæрæсеййы территоримæ. Цæмæй арæн ахизыны рæстæджы проблемæтæй фæиуварс уой, уый тыххæй сæхи сфыссынц сæ регистрацийы бынатæй Цæгат Ирыстоны. Уый йеддæмæ ма таможнæйы органтæ кæсынц хæдтулгæйы хицау фылдæр кæм цæры, уымæ. Куыддæр æй банымайынц, æмæ уый дæр бынтон раст нæу, уымæн æмæ чидæртæ ацæуынц бирæ рæстæгмæ ахуыр кæнынмæ, кæнæ хос кæнынмæ", - банысан кодта Æлборты Алан.
Уый бахахх кодта, ацы фарста йæ кæй фæнды аскъуыддзаг кæнын афтæ: таможнæйы органтæ, рæстæгмæ баласты гæххæт аразгæйæ, уыцы критеритæ ма хъуамæ нымайой. Афтæ ма спикер фехъусын кодта, кæй æрбаиу сты Евразиаг экономикон цæдисы Таможнæйы кодексы бадзырдмæ, республикæ кæй сарæзта фыццаг къахдзæф æмæ æнхъæлмæ кæсы йæ размæ кæй рацæудзысты.
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер сæмбæлди УФ Совфеды сенатортимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2022
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер сæмбæлди УФ Совфеды сенатортимæ
Куыд банысан кодта сенатор Сергей Цеков, афтæмæй уый зонгæ у уавæримæ, ацы фарстайыл фыццаг хатт нæ ныхас кæнынц æмæ зæрдæ бавæрдта, кæй у цæттæ фарста скъуыддзаг кæнынмæ. Сенатор зæрдыл æрлæууын кодта, фидæнмæ нывæсты кæй ис уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы реконструкци. Ацы мадзал æрдомдзæн егъау финансон фæрæзтæ, фæлæ куы сырæза, уæд йæ уадзæн миниуæг фæфылдæр уыдзæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0