"Фыдæлты туг" Sputnik Хуссар Ирыстоны

© SputnikФыдӕлты туг
Фыдӕлты туг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2022
Рафыссын
1830-æм азы сусæны мæйы, Уырысы æфсад, инæлар Рыныкъæфы разамындæй ныббырста Хуссар Ирыстоны Чеселтгоммæ. Уыцы ахъаззаг цæфæй хъуамæ ныммынæг уыдаид ирон адæмы сæрибаруазаг зонд, хъуамæ басастаиккой паддзахы минæвæрттæн æмæ се ’вæрд бынæттон хицауадæн. Бирæ хъæуты ирæттæ хъæбатырæй æрлæууыдысты æфсады ныхмæ. Тохы мидæг мæлæт ссарын кæддæриддæр уыд кадджындæр знагæн басæттынæй. Чеселты 30 лæджы, сæ сæргъы Коцты Бега, афтæмæй сæ фыдæлты мæсыгæй дыууæ боны дæргъы урæттой мин æмæ æрдæг æфсæддоны. Сæхиуыл дуæрттæ ныхгæттой æмæ хæстæг бацæуын никæйы уагътой. Ренненкампф куы бамбæрста, ницы сын у йæ бон бакæнын, уæд мæсыгыл бандзарын кодта. Ирæттæ уæддæр нæ састысты, сæ тох дарддæр кодтой, мæлæтыл разы уæвгæйæ.
Фæстагмæ, мæсыджы цар куы басыгъди æмæ куы ныккалди, уæд Бега æмæ ма ноджы фараст лæджы сæхи бæндæнтыл дæлæмæ рауагътой, хъаматимæ сæхи æфсæддонтыл андзæрстой. Фарасты дзы салдæттæ сæ джебогътыл хæрдмæ систой. Бега ма йæхицæн фæндаг бæргæ айгæрста, фæлæ фæстæдæр уый дæр æрцахстой. Иннæ тохгæнджытæ басыгъдысты мæсыджы мидæг.
Цалдæр азы фæстæ ма æфсæддон историк Василий Потто фыста: "Абон ма æрмæстдæр мæсыджы сыгъд къултæ бацамондзысты фæндаггонæн уыцы бынат, дæс æмæ ссæдз ирон лæджы спартайнаг фидардзинадимæ мин æмæ 'рдæг уырыссаг æвсæддоны ныхмæ кæм тох кодтой, уый".
Джуссойты Нафийы роман "Фыдæлты туг"-ы раргом кодта Хуссар Ирыстоны хохаг адæмы тох Гуырдзыстоны æлдæртты ᾿фхæрды ныхмæ. Уæрæсейы паддзахы хицауиуæгаг гуырдзиаг феодалтæн сæ къухтæ суæгъд кодта. Чеселтгомы зæкусæг адæм, æдæппæт 50 хæдзары рахызтысты инæлар Ренеркампфы ᾿фсад, æртæ мин салдаты ныхмæ. 1830 азы растадонтæ авд боны кодтой тох, фембылд сты, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ тох кодтой дарддæр, цалынмæ паддзахы хицауад нæ банымадтой хохаг зæхкусджыты сæрибардзинад гуырдзиаг æлдариуæгадæй.
Табуафси, хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны Джуссойты Нафийы историон цаутыл бындурыл фыст роман "Фыдæты туг"-ы аудиоверсимæ 106.3 эфэмыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0