Куырыхон лæгты таурæгътæ. Хетæгкаты Гуыба. Томайты Созырыхъо

Куырыхон лæгты таурæгътæ
Рафыссын
Рæсугъд æмæ хъаруджын дыууæ хойы схъомыл Куырттатæм. Рæстæг цыд, фæлæ нырма хистæр хо дæр мойаг нæма равзæрста йæ бирæ курджытæй.
Иу бон куы уыд, уæд рукъаг мæгуыр лæппу Томайты Созырыхъо дæр араст йæ хистæр хæларимæ дард балцы — Куырттатæм усгур.
Ныххæццæ сты, уæдæ цы уыдаид. Чъызгæ бацыдысты фæрныджы хæдзармæ: усгурæн иуæй йæ фæлыст нæ бæззыд, иннæмæй — уындцух. Фæлæ йæ зылын цæстытæ алцыдæр фиппайдтой: хæдзармæ фæцæйхизгæйæ, ауыдта уаты дуары зыхъхъырæй алыхуызон фæндыртæ къулыл ауыгъдæй.
Уыцы ’хсæв ма фысымтæм Созырыхъо æмæ йе ’мбалы йеддæмæ уыд ноджы аст усгуры æд хатджытæ. Рукъæгтимæ æдæппæт æстдæс баисты.
Чызджытæ сæ цæст ахастой усгуртыл, уæдæ цы уыдаид, æмæ Созырыхъо йæ ныфс кæй æрбахаста, ууыл смæсты сты: — Ацы зылындзаст сæмпæрчъимæ ничи кæсы, куыд æрбафсæрста йе смаггæнаг æрчъиты!
Созырыхъо иннæтимæ не ’рбадт, фæлæ къонайы былыл, дарæн хъæды цур, цы хъилдур вæййы, ууыл æрбадт.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0