1. ФЫДÆЛТЫ ТУГ. Æгомыг зарæг

1. ФЫДÆЛТЫ ТУГ. Æгомыг зарæг
Рафыссын
Æгомыг сты хæхтæ. Зарын нæ зонынц, дзурын нæ зонынц. Æрмæст æнусты дæргъы хьусынц. Æрмæст æнусты дæргъы кæсынц дзагъырдзастæй. Хъусынц сæ фæдджиты цæрæг адæммæ. Кæсынц бæрзондæй ныллæгмæ, фæлтæр фæлтæры куыд ивы, уый уынынц. Хъусынц адæмы зарджытæм: куывдты, чындзæхсæвты, балцы — хохаг æнкъардвæндæгтыл, хуымы — гутоны фæстæ, уыгæрдæны — цæвæджы æхситтæн хъырнгæ, хæдзары — сабийы авдæн узгæ.
Хъусынц адæмы хъарджытæ хистыты, иунæг саударæг устытæй æхсæвы тары, уæлмæрдты — ингæны уæлхъус, искуы хъæдрæбын халсартонæг æрхæндæг устытæй, искуы хæххон куыройы иугъæдон зыррытмæ æнтъыснæг ивазгæ хъарæг...
Цыфыддæр абырджытæм дæр уыдис иу æгъдау: лæджы марыс, уæд æй фехс кæнæ йын йæ сæр ракæн. Нæ, нæ фыдгултæм уый фаг нæ фæкаст — хъуамæ дæ схæйттæ кæной, кусартау. Фыццаг — дæ къухтæ æмæ дæ къæхтæ, стæй та дæ сæр æрцæудзæн лыг. Афтæ ныкъкъуыхтæ кодтой нæ бæгъатырдæр хæстонты: Коцты Хъарадзауы фырт Бегайы, Бикойты Еппийы фыртты дыууæ æфсымæрæй — Кецо æмæ Дауыты, Къæбысты Бæтæйы фыртты — Бега æмæ Сосойы, Къæбысты Болатыхъойы, Созыры æстдæсаздзыд лæппу Будзийы, Къæбысты Акайы фырт Бабейы æмæ Дзабиты Солтаны. Рухсаг уæнт!
Зæлынц мæ хъусты фыдæлты хъæлæстæ... Фыдæлты туг сиды. Фыдæлты æгомыг зарæг рæдувы зæрдæ, пелтъ пелтъы фæдыл фæлдæхы, аз — азы уæлæ, зарæджы рæнхъ — зарæджы рæнхъыл. Æмæ йын нæ кæрон ис, нæ — райдайæн..
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0