Ирон спортсментæ рамбылдтой æртæ майданы æппæтуæрæсейаг ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй

© Photo : Пресс-служба Минспорта РСО-АланияОсетинские вольники
Осетинские вольники  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik. Цæгат Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой æртæ майданы Æппæтуæрæсейаг ерысты уæрибар хъæбысхæстæй юниорты ᾿хсæн, хъусын кæны республикæйы Спорты министрады пресс-службæ.
Сыгъзæрин майдан 92 килограмм уæзы категорийы рамбылдта Кцойты Алихан. Уый фæуæлахиз ис Дагъистанæй хъæбысæйхæцæг Мустафагаджы Маладибировыл.
Габуты Аслан бронзæйы рамбылдта Тимисултанов Ахмеды нымад 8:2.
Ножды иу бронзæйон хорзæх рамбылдта Гаглойты Инал 97 килограмм уæзы категорийы.
Куыд банысан кодтой спорты министрады пресс-службæйы, Кцойты Алихан, Габуты Аслан æмæ Гаглойты Инал сты Таймазты æфсымæрты клубы минæвæрттæ.
Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ: Хетæг Гозюмов, Самайты Маирбек, Хъайтмазты Тимур, Коцты Виталий, Кæллæгты Олег Бязырты Марик.
Олимпæйаг чемпион Мурад Умахановы номыл хорзæхтыл II Æппæтуæрæсейаг турнир уæрибар хъæбысхæстæй 21 азмæ кары юниорты ᾿хсæн ацыди Дагъистаны. Хасавюртмæ æрцыдысты 254 спортсмены.
Ног хабӕртты лентӕ
0