https://sputnik-ossetia.com/20221121/leningory-rayony-tsauga-don-ksany-fidar-tsauynts-donbylta-ama-ivynts-ya-donvad-20096999.html
Ленингоры районы цӕугӕдон Ксаны фидар цӕуынц донбылтӕ ӕмӕ ивынц йӕ донвӕд
Ленингоры районы цӕугӕдон Ксаны фидар цӕуынц донбылтӕ ӕмӕ ивынц йӕ донвӕд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik, Фатима Плиева. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цӕрӕн-коммуналон службӕтӕ архайынц цӕугӕдон Ксаны донбылтӕ фидар кӕнын ӕмӕ йӕ... 21.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-21T17:04+0300
2022-11-21T17:04+0300
2022-11-21T17:14+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/15/20094071_64:0:1536:828_1920x0_80_0_0_7ebd07a31469e301dd2a8e87923efadb.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik, Фатима Плиева. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цӕрӕн-коммуналон службӕтӕ архайынц цӕугӕдон Ксаны донбылтӕ фидар кӕнын ӕмӕ йӕ донвӕнд фӕивыныл, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.Сӕрды тӕрккъӕвдаты фӕстиуӕгӕн цӕугӕдон акалд йӕ былтӕй, фӕласта цӕхӕрадӕттӕ, фӕндӕгтӕ ӕмӕ электроифтонгады цӕджындзтӕ.Ленингоры районы донивылдты фӕстиуджытӕ нырма дӕр кӕронмӕ иуварс не ᾿рцыдысты."Ломисы кувӕндонмӕ сӕндидзӕн кодтой фӕндаг, куыст цӕуы "Энергоресурс"-имӕ иумӕ электроэнергийы хаххы цӕджындзтӕ сфидар кӕныныл. Стӕй ма цӕрӕн-коммуналон службӕйы кусджытӕ архайынц Ленингор-Къоринтайы фӕндаг саразыныл",- бафтыдта уый.Куыстытӕ фӕстиад кӕны техникӕйы цухдзинад. ЦКХ автопрак фӕстаг хатт баххӕст кодтой 2008 азы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/15/20094071_248:0:1352:828_1920x0_80_0_0_b6529401587a99588afbb62dffb0bf27.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Ленингоры районы цӕугӕдон Ксаны фидар цӕуынц донбылтӕ ӕмӕ ивынц йӕ донвӕд
17:04 21.11.2022 (Ранӕуӕггонд: 17:14 21.11.2022) ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik, Фатима Плиева. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цӕрӕн-коммуналон службӕтӕ архайынц цӕугӕдон Ксаны донбылтӕ фидар кӕнын ӕмӕ йӕ донвӕнд фӕивыныл, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.
Сӕрды тӕрккъӕвдаты фӕстиуӕгӕн цӕугӕдон акалд йӕ былтӕй, фӕласта цӕхӕрадӕттӕ, фӕндӕгтӕ ӕмӕ электроифтонгады цӕджындзтӕ.
"Районы администраци бацӕттӕ кодта мадзӕлтты комплекс, цӕмӕй фидӕны ахӕм донласттӕй бахизой район. Фидар цӕуынц цӕугӕдоны былтӕ, кӕмдӕрты ивд цӕуы донвӕд",- загъта уый.
Ленингоры районы донивылдты фӕстиуджытӕ нырма дӕр кӕронмӕ иуварс не ᾿рцыдысты.
"Ломисы кувӕндонмӕ сӕндидзӕн кодтой фӕндаг, куыст цӕуы "Энергоресурс"-имӕ иумӕ электроэнергийы хаххы цӕджындзтӕ сфидар кӕныныл. Стӕй ма цӕрӕн-коммуналон службӕйы кусджытӕ архайынц Ленингор-Къоринтайы фӕндаг саразыныл",- бафтыдта уый.
Куыстытӕ фӕстиад кӕны техникӕйы цухдзинад. ЦКХ автопрак фӕстаг хатт баххӕст кодтой 2008 азы.