2. ТУГ НЕ ᾿МБИЙЫ

2. ТУГ НЕ ᾿МБИЙЫ
Рафыссын
Æрлæууыдис хосгæрдæн. Иннæбон, дыццæджы, хъуамæ кæрдын райдайой Чеселтгом, фæлæ абон хуыцаубон у. Адæм ныууагътой сæ — куыстæгтæ æмæ сæхи ирхæфсынц, ас лæгтæ уынынц кусæнгæрзтæ: чи, халамæрзæны дæндæгтæй хауынæввонг чи сси, уыдон ивы, чи йæ цæвæджы хъæд лæгъзытæ кæны, чи та цъери-хъилты сæрвасæнтæ цыргъ кæны. Сылгоймæгтæ дæр сæ зылдтытæ кæнынц: æмпъузынц бинонты бызгъуыртæ, сгарынц хæндыджы æвæринаг цыхтытæ тарæйттыл, сылыдзыхт аразынц уæлдай сылыйæ, чи та ныллæг сбадт æмæ царвцæгъдæн къуыдырыл йедзаг донхæссæн атъæпп-атъæпп кæны — цæгъды царв.
Мæнæ иу ран — сабиты къорд... Сабитæн цины бон у! Хистæртæ иууылдæр бынаты сты æмæ сæ ницы æфсæрм ис, хъазынц сæхицæн фæсхъæу къуылдымыл: кæм хъæл æмæ лæдзæгæй, кæм гæррыйæ, кæм рæттæй. Иууыл æгæнондæр сæ чи у, уыдон кæрæдзиуыл сæхи ныццæвынц æмæ хъæбысæй æвналынц. Йæ уæнтыл æнгом кæй не ’рæвæрынц, уый та ныфсхастæй фесты æмæ фæхъæр кæны: "Уый хуыбырст уыдис, нымады нæу, ногæй ’рæвналæм". Æмæ æвналынц ногæй.
Мæнæ ас фæсивæд дæр. Усгур лæппутæ æнæхъæн комбæстæй æрæмбырд сты Сугъарты мæсыджы цурмæ æмæ цъæх нæууыл, ривæдгæнæгау, къордтæ-къордтæй бадынц. Бирæ мыггæгтæй сты — Коцтæ, Къæбыстæ, Бикойтæ, Хъотайтæ, Дзабитæ, Чилæхсатæ, Тыдлсытæ æмæ Тъехтæ, — фæлæ кæрæдзи хорз зонынц, æрвыл хосгæрдæны æмзиууæттæ вæййынц, искуы стыр чындзæхсæв, дзуарыбон, кæнæ стыр зиан, уæд сæ цин, сæ хъыг иумæйаг вæййы æмæ æнгомæй цæрынц.
Ныр, хосгæрдæны размæ хуыцаубон, æрæмбырд сты, Сугъарты авд æфсымæры кæддæр цы бæзкъул мæсыг самадтой, уый раз, æмæ фæзы кæрдæгыл ратул-батул кæнынц, хъазынц, зарынц, тыхæвзарæн кæнынц.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0